филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:48 воскресенье, 14 декабря 2025
22 мая 2014, 17:14
Цæгат Ирыстоны национ музейы бæстыхайæ, дæргъвæтин рæстæг чи хæссы, ахæм арæзтад хъуамæ ма рауайа

Сенатор Хацъæты Олег курдиат балæвæрдта Уæрæсейы культурæйы министрмæ Владимир Мединскиймæ, цæмæй ацы объекты цалцæгæн фæрæзтæ дихгонд цæуой федералон бюджетæй.

Национ музей реконструкцигæнæн куыстытæ райдыдтой 2008-æм азы. Сæрмагонд программæ «Уæрæсейы культурæ»-мæ гæсгæ, фæлæ ныртæккæ арæзтад æрлæууыд.

Цæгат Ирыстоны национ музейы бæстыхайæ, дæргъвæтин рæстæг чи хæссы, ахæм арæзтад хъуамæ ма рауайа. Сенатор Хацъæты Олег курдиат балæвæрдта Уæрæсейы культурæйы министрмæ Владимир Мединскиймæ, цæмæй ацы объекты цалцæгæн фæрæзтæ дихгонд цæуой федералон бюджетæй. 
Национ музей реконструкцигæнæн куыстытæ райдыдтой 2008-æм азы. Сæрмагонд программæ «Уæрæсейы культурæ»-мæ гæсгæ, фæлæ ныртæккæ арæзтад æрлæууыд. Æмæ Дзæуджыхъæуы астæу æвидауц кæны, зæгъы Хацъæты Олег. Владимир Мединский бахаста фæндон, ацы фарстамæ бæстондæр æркæсыны æмæ цæгатирыстойнаг минæвæрттæ Хацъæты Олег æмæ Тотоонты Алыксандримæ хицæнæй фембæлыны тыххæй. Уæвгæ сенатор ацы хъуыддагмæ йе ‘ргом фыццаг хатт нæ раздæхта. Раздæр дæр сенаторты размæ хаста нæ республикæйы цардархайды ахсджиагдæр фарстатæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania