филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:11 вторник, 16 декабря 2025
09 апреля 2014, 12:36
Цæгат Ирыстоны национ музейы байгом равдыст «Кавказы таурæгътæ»

Экспозицимæ хаст æрцыдысты музейы фондты æрмæджытæ. Майкъопы культурæ, бронзæйы дуг, астæуккаг æнустæ, нырыккон рæстæг.

Цæгат Ирыстоны национ музейы байгом равдыст «Кавказы таурæгътæ»
Экспозицимæ хаст æрцыдысты музейы фондты æрмæджытæ. Майкъопы культурæ, бронзæйы дуг, астæуккаг æнустæ, нырыккон рæстæг. Экспозицийы ис мигæнæнтæ, ювелирон æмæ æфсæддон дзаумæттæ, уæлæдарæс. Фыццаг хатт национ музейы спайда кодтой нырыккон технологитæй – 3D проекторæй æмæ интерактивон стъолæй. Ацы равдысты презентаци уыдис ивгъуыд азы декабры. Уый фæстæ йæ аластой Кавказы иннæ республикæтæм. Цæгат Ирыстоны цæрджытæн экспозиции фенæн уыдзæн афæдзы кæронмæ.

Ацы равдыст Цæгат Ирыстоны национ музейы рагæй цæттæ кодтой. Ныр цал азы бæстыхайы цæуынц бындурон цæлцæггæнæн куыстытæ. Музейы директор Сохиты Ларисæ куыд загъта, уымæ гæсгæ бацархайдтой, цæмæй сыл сæ аивадуарзджытæ сæ зæрдæ ма сивой, ууыл. «Кавказы таургътæ» ахæссыдысты фыдæлты историйыл бронзæйы дугæй абоны онг.

Хъантемыраты Эльбрус, РЦИ-Аланийы национ музейы наукон-экспозицион хайады сæргълæууæг: «Цыппæрæм мин азы `æмбисæй суанг 18-æм æмæ 21-æм æнусмæ. Мах æвдисæм, Изольдæйы æрмадзы цы уæлæдарæс бахуыдтой, уыдон. Бастдзинад дæттынц уыцы рæстæгимæ. Ома, 5-6 мин азы размæйы дзаумаимæ аивад баст дæтты, кæрæдзиуыл баст сты уыцы æрмæджытæ. 4-5 мин азы дæргъы æрмæг æвдыст цæуы нæ историйы».

Экспозицийы – мигæнæнтæ, ювелирон æмæ æфсæддон дзаумæттæ, уæлæдарæс. Фыццаг хатт национ музейы спайда кодтой нырыккон технологитæй – 3D проекторæй æмæ интерактивон стъолæй.

Равдыст байгом кодтой хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем æмæ культурæйы министр Хæбæлаты Фатимæ. Хуынд æм æрцыдысты иннæ музейты кусджытæ, историктæ, студенттæ. Национ музейы кусджытæ сын сарæзтой экскурси, радзырдтой, цы уникалон æрмæджытæ хаст æрцыд равдыстмæ, уый тыххæй.

Хуадонты Мæхæмæт: «Æз Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты студент дæн. Ме `мбæлттимæ æрбацыдтæн ардæм. Бирæ цыдæртæ базыдтон».

Джиоты Верæйæн равдыст йæ зæрдæмæ тынг фæцыд, уæлдайдæр та рагон мигæнæнтæ. Куыд зæгъы, афтæмæй ма йæхæдæг дæр æрыгон чызгæй уыдонæй пайда кодта.

Джиоты Верæ: «Фæндыдис мæ, цæмæй Ирыстоны фыццаг мигæнæнтæ куыд ссардтой, ацы рæхыстæ ма æз дæр æрыййæфтон, куыд сæ дардтой. Æхсызгон мын уыдис сæ фенд».

Равдыст «Кавказы таурæгъты» презентаци уыдис ивгъуыд азы декабры. Фæлæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæн йæ бабæрæг кæныны фадат уыд æрмæстдæр иу бон. Уый фæстæ йæ аластой Кавказы иннæ республикæтæм. Уымæ гæсгæ национ музейы сфæнд кодтой экспозици ногæй равæрын. Ацы хатт ахæсдзæн афæдзы кæронмæ.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania