филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:09 вторник, 16 декабря 2025
27 апреля 2018, 15:01
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ æрцахстой дыууæ нæлгоймаджы

Зын бауырнæн у, фæлæ Мæздæджы, æфсæнвæндаджы вагзалы раз Уæлахизы фæзы фыдгæнджытæ Æнусон арты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны номарæн монументы сæхицæн кодтой физонджытæ.

Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ æрцахстой дыууæ нæлгоймаджы
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ æрцахстой дыууæ нæлгоймаджы.
Зын бауырнæн у, фæлæ Мæздæджы, æфсæнвæндаджы вагзалы раз Уæлахизы фæзы фыдгæнджытæ Æнусон арты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны номарæн монументы сæхицæн кодтой физонджытæ. Сæ фæстæ ныууагътой чъизийæ, бæстæ байдзаг кодтой бырæттæй. Ацы хъусынгæнинаг ныммыхуыр кодтой Мидхъуыддæгты министрады регионалон управленийы официалон сайты. Пъæлицæйæгты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыдгæнджытæ разындысты Мæздæджы цæрджытæ. Сты 1974-æм æмæ 1960-йæм азты гуырд. Дыууæйæн дæр раздæр уыд тæрхонгонд. Слестгæнæн оргæнты хъуыдымæ гæсгæ, фыдгæнджытæ уыдысты расыг. Оперативон кусджытæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг Уæрæсейы Уголовон Кодексы 214-æм статьямæ гæсгæ «Вандализм».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania