10 апреля 2013, 17:59
Цæгат Ирыстоны паддазхадон университеты журналистикæйы факультеты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ сарæзта журнал «Журналист»-ы сæйраг редакторы хæдивæг Мария Владимирова
Философон наукæты кандидат, Уæрæсейы журналистты цæдисы уæнг, Мæскуыйы Паддзахадон университеты дзыллон информацийы фæрæзты теори æмæ экономикæйы кафедрæйы ахуыргæнæг Дзæуджыхъæумæ ссыд фыццаг хатт.
Цæгат Ирыстоны паддазхадон университеты журналистикæйы факультеты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ сарæзта журнал «Журналист»-ы сæйраг редакторы хæдивæг Мария Владимирова.
Философон наукæты кандидат, Уæрæсейы журналистты цæдисы уæнг, Мæскуыйы Паддзахадон университеты дзыллон информацийы фæрæзты теори æмæ экономикæйы кафедрæйы ахуыргæнæг Дзæуджыхъæумæ ссыд фыццаг хатт. Йемæ фембæлынмæ хуынд æрцыдысты журналистикæйы факультеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ. Мария Владимирова сын радзырдта журналисты дæсныйады сусæгдзинæдты тыххæй. Скодта сын практикон ахуыртæ дæр. Дæсныйадæвдисæг ахуыртæ цæудзысты 2 боны.
темæмæ гæсгæ