03 июля 2014, 11:07
Цæгат Ирыстоны Паддзахадон автоиснпекцийы абон уыд кадджын æмбырд
Паддзахадон автоиснпекцийы 78 азы равзæрды бон бæрæг кæнынц абон Цæгат Ирыстоны. Бæрæгбон райдыдта кадджын æмбырдæй. Йе мкусджытæн раарфæ кодта фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы хицау, пъæлицæйы булкъон Беккуызарты Хасанбег.
Паддзахадон автоиснпекцийы 78 азы равзæрды бон бæрæг кæнынц абон Цæгат Ирыстоны. Бæрæгбон райдыдта кадджын æмбырдæй. Йе мкусджытæн раарфæ кодта фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы хицау, пъæлицæйы булкъон Беккуызарты Хасанбег. Се ппæтæн дæр загъта бузныг, сæ хæстæм бæрнон цæстæй кæй кæсынц, уый тыххæй. Загъта, йæ зæрдæ кæй дары, дарддæр дæр афтæ кæй уыдзæн, ууыл. Кадджын æмбырды архайдтой службæйы ветерантæ дæр. Раарфæ кодтой се рыгон æмкусджытæн, æмæ сын сæ зæрдæ загъта, цæмæй æнæнизæй, зæрдæрухсæй кусой фæндæгты æдасдзинадыл, æмæ сæ равзæрст дæсныйадыл сæ зæрдæ макуы сивой. Фæстæдæр инспектортæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Уæрæсейы хъæбатыр Джыбылаты Зауыры цыртдзæвæныл. Паддзахадон автоинспектортæн раарфæ кодта Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Артур Ахметханов. Хуыздæртæн та радта сæ ведомствойы хæрзиуджытæ.
![Соц Сети Соц Сети](https://alaniatv.ru/wp-content/uploads/2019/01/Alania_TG_1140x151.gif)
темæмæ гæсгæ