30 января 2013, 11:24
Цæгат Ирыстоны паддзахадон ирон академион театры арæзт æрцыд хæрзаудæн концерт
Балæвар кæн цард! Цæгат Ирыстоны паддзахадон ирон академион театры арæзт æрцыд хæрзаудæн концерт. Йæ сæйраг нысан уыд, онкологон низтæй рынчын сывæллæттæн баххуыс кæнын.
Балæвар кæн цард! Цæгат Ирыстоны паддзахадон ирон академион театры арæзт æрцыд хæрзаудæн концерт.
Йæ сæйраг нысан уыд, онкологон низтæй рынчын сывæллæттæн баххуыс кæнын. Акци саразыныл бацархайдта хæрзаудæн фонд «Успение» – йы аудæг Сæбанты Татьянæ. Концерты архайдтой Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары республикæты зындгонд артисттæ: Æлбегаты Аннæ, Бебпиты Альберт æмæ иннæтæ. Цы æхца бакуыстой, уыдон арвитдзысты рынчын сывæллæттæн. Концерт «Татьянæйы сызгъæрин зæрдæ» фыццаг нæу. Фонд «Успение» ахæм акцитæ саразы рæстæгæй рæстæгмæ.
темæмæ гæсгæ




