филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:58 понедельник, 15 декабря 2025
10 февраля 2014, 17:13
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты арæзт æрцыд ирон æвзагæй олимпиадæйы республикон къæпхæн

Интеллектуалон ерысы архайджытæн раарфæ кодтой, ахуырады æмæ наукæйы министры фыццаг хæдивæг Тотраты Владислав æмæ ирон филологийы факультеты декан Хозиты Барис. Олимпиадæйы архайы сæдæ скъоладзауæй фылдæр – 9-æм, 10-æм æмæ 11-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Уыдон сты олимпиадæйы муниципалон къæпхæнты уæлахиздзаутæ. Тестытæ æмæ эссетæ. 3 сахатмæ архайджытæ хъуамæ сæххæст кæной 15 хæслæвæрды, 9-æмкъласонтæ та – 8.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты арæзт æрцыд ирон æвзагæй олимпиадæйы республикон къæпхæн.

Интеллектуалон ерысы архайджытæн раарфæ кодтой, ахуырады æмæ наукæйы министры фыццаг хæдивæг Тотраты Владислав æмæ ирон филологийы факультеты декан Хозиты Барис. Олимпиадæйы архайы сæдæ скъоладзауæй фылдæр – 9-æм, 10-æм æмæ 11-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Уыдон сты олимпиадæйы муниципалон къæпхæнты уæлахиздзаутæ. Тестытæ æмæ эссетæ. 3 сахатмæ архайджытæ хъуамæ сæххæст кæной 15 хæслæвæрды, 9-æмкъласонтæ та – 8. Хæслæвæрдтæ бацæттæ кодтой ахуыргæнджыты зонындзиндтæ фылдæргæнæн институты æмæ ирон филологийы факультеты кусджытæ. Райсом та скъоладзаутæ æвдисдзысты сæ зонындзинæдтæ ирон литературæйæ.

Алæгаты Миланæ, Ногиры 2-æм скъолайы 11-æм къласы ахуырдзау: «Тынг бирæ цæттæ кодтам мæ ахуыргæнæгимæ. Ис мæ ныфс, исты бынат кæй бацахсдзынæн, уымæй. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, бынат ахсджиаг нæу, уымæн æмæ ирон æвзаг чи зоны, уымæн, ардæм кæй æрбахауд, уый æхсызгон уыдзæн, уæддæр».

Хозиты Барис, ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты декан: «Мах нæ хъус тынг дарæм, цы чызджытæ æмæ лæппутæ архайынц олимпиадæйы, уымæ. Афтæ зæгъæн ис, æмæ азæй-азмæ нæ зæрдæ тынгдæр рухс кæны. Ацы олимпиадæтæ сты хорз хъуыддаг. Мæнмæ гæсгæ сæ алы аз дæр кæнын хъæуы. Фаронæй ацы азы фылдæр адæм ис. Сæ фыццаг къахдзæф рæсугъд у».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania