Уæрæсейы наукæйы боны кадæн Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй алы аз дæр олимпиадæтæ вæййы æппæт предметтæй дæр.
Олимпиадæ райдайыны размæ ирон филологийы факультеты студенттæ, ахуыргæнджытæ æмæ уазджытæ иу минут æдзæмæй алæугæйæ æрымысыдысты Джыккайты Шамилы рухс ном. Уый фæстæ та фидæны абитуриентты базонгæ кодтой ацы факультеты ахадындзинадимæ. Цы гæнæнтæ æмæ сын фадæттæ байгом кæндзæн сæ размæ уый сæ бирæты сранзæнгард кодта.
Олимпиадæйы архайынц республикæйы алы скъолаты минæвæрттæ. Муниципалон къæпхæны чи фæуæлахиз, ахæмтæ. Лæвæрд сын цæуы бæлвырд хæстæ, тестыты хуызы хъуамæ æртæ сахатмæ сæххæст кæной сæ фæлтæрæнтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ардыгæй иуылдæр уæлахиздзаутæй нæ ацæудзысты, фæлæ ахуырадон ерысты чи архайы, уыдонæн æнæмæнг фæхъæздыгдæр уыдзысты сæ зонындзинæдтæ, уымæн æмæ олимпиадæмæ цæттæгæнгæйæ базонгæ сты, скъолайы кæй нæ цыдысты, ахæм æрмæгимæ дæр.
9-æм, 10-æм æмæ 11-æм кълæсты ахуырдзаутæ амæй размæ сæ зонындзинæдтæ равдыстой се скъолаты æмæ районты æмвæзадыл. Арæхстджындæртæн та аргъ кæнынц ахуырад æмæ наукæйы специалисттæ.
Ацы ерысты чи фæуалахиз уыдзæн, уый бæрæг нæма у, фæлæ се ппæтæн дæр ирон дзырды фарн, сæ зæрдæйы арф бынат кæй бацахсдзæн, уый дызæрдыккаг нæу.




