13 мая 2014, 17:34
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты цæуынц цæттæгæнæн мадзæлттæ ахуырадон форумтæм «Машук» æмæ «Селигер» – мæ
Фæсивæдон проектты конвейер. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты цæуынц цæттæгæнæн мадзæлттæ ахуырадон форумтæм «Машук» æмæ «Селигер» – мæ. Сæ проекттæ дзы

Фæсивæдон проектты конвейер. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты цæуынц цæттæгæнæн мадзæлттæ ахуырадон форумтæм «Машук» æмæ «Селигер» – мæ. Сæ проекттæ дзы равдисдзысты 400 адæймагæй фылдæр. Уыдон сты уæлдæр æмæ астæуккаг сæрмагонд ахуыргæнæндæтты студенттæ. Æвзæрст æрцæудзæн 300 куысты бæрц. 2 боны фæсивæдæн кæсынц ахуырадон лекцитæ æмæ кæнынц тренингтæ. Амонынц сæ фæсивæды хъуыддæгты федералон агентады æмæ Шолоховы номыл мæскуыйаг паддзахадон гуманитарон университеты минæвæрттæ. Хуыздæр проекттæ равзардзæн экспертон къамис. Куыстытæн аргъ кæндзысты 7 домæнмæ гæсгæ.
Бибуаты Аслан, Хæххон паддзахадон аграрон университеты студент: «Фæнды мæ «Машук»-мæ ацæуын, уый тыххæй æмæ бацæттæ кодтон æфсæддон-патриотон проект «Уæлахиз». Фæнды мæ уыцы проект царды раудзын Уæлахизы бонмæ. проекты фæдыл на фæсивæд ацæудзысты хохмæ, уым цæудзысты алхуызон хæстон хъæзтытæ, тренингтæ, сæ бон уыдзæнис сæ тых бавзарын».

темæмæ гæсгæ