филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:25 суббота, 21 сентября 2024
16 октября 2012, 09:55
Цæгат Ирыстоны парахатдæр кæны бæлæгътыл ленк кæныны спорты хуыз

Цæгат Ирыстоны парахатдæр кæны бæлæгътыл ленк кæныны спорты хуыз. Секцитæм цæуын райдыдта 3-аг фæлтæр. Ныр мæйы дæргъы нæ республикæйы бæлæгътыл ленк кæнынæй иугонд командæйæн цæуынц тренировкæтæ.

Цæгат Ирыстоны парахатдæр кæны бæлæгътыл
ленк кæныны спорты хуыз. Секцитæм цæуын райдыдта 3-аг фæлтæр. Ныр мæйы
дæргъы нæ республикæйы бæлæгътыл ленк кæнынæй иугонд командæйæн цæуынц
тренировкæтæ.

Ацы спорты хуызæй Ирыстоны спортсментæ
архайынц фондз азы. Уæрæсейы бирæ ерысты равдыстой сæ арæхстдзинад æмæ
систы хуыздæртæ. Командæйы ис куыд кæстæр фæлтæр, афтæ хистæр кары
спортсментæ дæр. Æппæты къаддæрыл, Дзебысаты Аланæйыл, 9 азы йеддæмæ
цæуы. Фæлæ тырны уæлахизтæм, фæнды йæ алыхуызон ерысты уæлдæр къæпхæнтæм
схизын æмæ архайы спорты ацы хуызы сусæгдзинæдтæ базоныныл. Уæндонæй
баленк кæны Терчы уазал доны. Йæ тренер Цхуырбаты Викторы ныхæстæм гæсгæ
йæ фылдæр хатт гыццыл æрсабыр кæнын дæр бахъæуы.Сæ фæлтæрддзинад
фæбæрзонддæр кæныныл спортсментæ æрвылаз фæкусынц поселок Южныйы
къанауы.

Хорз ма уый у, æмæ ацы секциты чи
архайдта, уыцы спортсментæй бирæты фæнды тренертæ суæвын. Раст Киситы
Мураты хуызæн. Цæуы йыл 21 азы. Йæ цæст дары кæстæр кары къордмæ. Æххуыс
сын кæны, амоны раст куыд бадын хъæуы бæлæгъыл, уый. Хуыздæрырдæм
аивтой секцийы уавæртæ дæр. Уыцы иу рæстæг иу тренер кæсы 3 бæлæгъмæ.
Ныр тренертæ кæй фæфылдæр сты, уымæ гæсгæ донмæ рауадзынц 15 бæлæгъы.
Æмæ фылдæр сывæллæттæ ахуыр кæнынц бæлæгътыл ленк кæнын.

Зæгъын хъæуы уый дæр æмæ кæд ацы секци
нæ республикæйы 5 азы йеддæмæ нæма ис, уæддæр не спортсментæ Хуссар
зылды æмæ Уæрæсейы ерысты сæхи æвдисынц иттæг хорз. Æдзухдæр вæййынц
хуыздæр 10 спортсмены хсæн.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania