Цæгат Ирыстоны Парламенты 4-æм æмбырдæн уыд фæстаг æмбырд. Депутаттæ æркастысты паддзахадон Думæйæ кæй сæрвыстой, ахæм закъондæттæг хъæппæристæм. Æдæппæтæй æрдзырдтой цыппор фарстайыл.
Цæгат Ирыстоны Парламенты 4-æм æмбырдæн уыд фæстаг æмбырд. Депутаттæ æркастысты паддзахадон Думæйæ кæй сæрвыстой, ахæм закъондæттæг хъæппæристæм. Æдæппæтæй æрдзырдтой цыппор фарстайыл.
Парламенты Совет æркаст федералон
закъонты проекттæм, стæй æндæр субъекттæй цы хъæппæристæ æрбацыд,
уыдонмæ. Депутаттæ сразы сты Хъалонты кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл.
Куыд нымайынц, афтæмæй уыдон фæахъаз уыдзысты экономикæйы рæзтæн.
Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы
Парламенты бюджеты, хъалонты æмæ исбоны комитеты сæрдар: «Абон
æркастыстæм хорз хъæппæрисмæ. Уымæ гæсгæ, фæсарæнтæй цы кусæнгæрзтæ
ласынц, æмæ экономикæйы рæзтæн ахъаз чи у, уыдон уæгъд кæндзысты сæ
уæлæмхасæн аргъыл æвæрд хъалонæй. Мæнмæ гæсгæ, закъон хъуамæ хорз
уавæртæ скæна экономикæйы рæзтæн, хъалонтæ дæр фылдæр кæндзысты, бюджеты
æфтиæгтæ дæр».
Совет ма растыл банымадта хъæппæрис,
цæмæй, хъалонтыл нымад чи нæу, уыцы æфтиæгтæ цæуой муниципалон
бюджеттæм. Цалдæр фарстайы баст уыдысты бирæуæладзыгон хæдзæртты
уавæримæ, стæй сын фидынимæ. Депутатты хъуыдымæ гæсгæ, адæмæн феххуыс
уыдзæн закъон, кæцы айсдзæн приватизаци скæныны æмгъуыд.
Битарты Вячеслав, РЦИ-Аланийы Парламенты
сæрдары хæдивæг: «Зæронд закъонмæ гæсгæ, адæмæн, кæм цæрынц, уыцы
цæрæнуæттæ приватизаци скæнынæн бар уыд æрмæстдæр иннæ азы 1-м мартъимæ.
Ног закъонмæ гæсгæ та, цæрæнуæттæ лæварæй приватизаци скæнынæн бар
уыдзæн æнæ æмгъуыдæй, æмæ кæмæн куыд амоной йæ фадæттæ, афтæ сæ исдзæн.
Бирæ нал сты. Ис ма дзы кæлæддзаг хæдзæрттæ, цæрынмæ чи нал бæззы, æмæ
приватизаци скæныны бар раздæр кæмæн нæ уыд, уыдон».
Хабыцты Ларисæ схорзæхджын кодта
Парламенты аппараты кусджыты сæ æнтыстджын куысты фæдыл. 4-м æвзæрсты
Парламентæн фæстаг æмбырд кæй уыд, уымæ гæсгæ уæлдай зæрдиаг арфæтæ
райста Хабыцты Ларисæ, 2005-м азæй нырмæ Парламентæн дæсныйæ æмæ
бæрнонæй разамынд кæй лæвæрдта, уый фæдыл.
Фæрниаты Мæдинæ