филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:48 воскресенье, 19 мая 2024
29 октября 2013, 11:05
Цæгат Ирыстоны Парламенты депутаттæ æмæ Дзæуджыхъæуы разамынды минæвæрттæ федтой, горæты фæстаг рæстæг цы ног социалон объекттæ фæзынд, уыдон

Тæбæхсæуты Балойы номыл фæлладуадзæн парк, 176-æм рæвдауæндон, иумæйаг диспетчерон службæ æмæ иннæтæ. Уыдоны архайд ныридæгæн пайда у цæрджыты цардæн. Депутаттæ ма федтой, Терчыбыл цы ног фæлладуадзæн фæз арæзт цæуы, уый дæр. Ныртæккæ уым арæзтадон куыстытæ сты сæ тæмæны.

Цæгат Ирыстоны Парламенты депутаттæ æмæ Дзæуджыхъæуы разамынды минæвæрттæ федтой, горæты фæстаг рæстæг цы ног социалон объекттæ фæзынд, уыдон. Тæбæхсæуты Балойы номыл фæлладуадзæн парк, 176-æм рæвдауæндон, иумæйаг диспетчерон службæ æмæ иннæтæ. Уыдоны архайд ныридæгæн пайда у цæрджыты цардæн. Депутаттæ ма федтой, Терчыбыл цы ног фæлладуадзæн фæз арæзт цæуы, уый дæр. Ныртæккæ уым арæзтадон куыстытæ сты сæ тæмæны.

Депутаттæ æмæ горæты разамынд сæ кусæг балц райдыдтой Дзæуджыхъæуы нотæты библиотекæйæ. Ацы культурæйы артдзæст бындуронæй цалцæггонд æрцыд фарон æмæ ныр иу аз æнтыстджынæй архайы. Библиотекæйы кусджытæ куыд зæгынц, афтæмæй ахæм уавæрты зонындзинæдты бæрзæндтæм хизын кæй фæнды, уыцы сабиты нымæц зынгæ фæфылдæр. Иннæ объект – Дзæуджыхъæуы историйы музей. Проекты сарæзтой горæты администраци культурæйы æмæ дзыллон коммуникациты министрадимæ иумæ. Музейы хъæздыг æрмæгæн стыр ахадындзинад кæй ис, уый бафиппайдтой депутаттæ.

Иугонд диспетчерон службæ 112 Дзæуджыхъæуы архайы 2 азы бæрц. Горæты администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей куыд загъта, афтæмæй организаци цæрæн-коммуналон къабазы кæны ахадгæ куыст, уый та стыр æххуыс у адæмæн сæ лыггæнинаг фарстатæ цыбыр рæстæгмæ аиуварс кæнынæн.

Депутаттæ ма бабæрæг кодтой, Терчыбыл цы фæлладуадзæн фæз арæзт цæуы, уый дæр. Ныртæккæ дзы цæуынц арæзтадон куыстытæ. Ныхас ма цыд лыггæнинаг фарстатыл дæр. Зæгъæм, трамвайты линиты уавæр зæрдæхсаинаг кæй у, ууыл.

Хæдарцаты Аслæнбег, РЦИ-Аланийы Парламенты депутат: «Нæ трамвайты фæндæгтæ тынг æвзæр уавæры сты, æмæ дзы гæнæ ис, æмæ исты бæллæхæй дæр тæссаг у. уыцы фарстамæ дæр æркастыстæм. Уый тыххæй æмæ 1 ноябры кæсдзыстæм республикæйы бюджетмæ, цæмæй æркæсæм,кæмæн цас феххуыс кæнын хъæуы, стæй хъуамæ æхца куы райсой, уæд сæ бакусой».

Парламентаритæ бафиппайдтой, фæстаг рæстæг сывæллæтты хъомыладæн æмбæлгæ уавæртæ аразыны фарстамæ стыр æргом здæхт кæй цæуы, уый. Уымæн æвдисæн у, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, уыцы 176-æм рæвдауæндон. Ахæм ахадгæ куыст Дзæуджыхъæуы разамынд кæндзæн дарддæр дæр.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania