филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:14 воскресенье, 01 февраля 2026
14 ноября 2012, 14:20
Цæгат Ирыстоны Парламенты ног æвзæрст æмбырды кусдзысты цыппар политикон партийы депутаттæ

Цæгат Ирыстоны Парламенты ног æвзæрст æмбырды кусдзысты цыппар политикон партийы депутаттæ. Ныртæккæ сын сæйрагдæр у, æвзæрстыты агъоммæ адæмæн зæрдæ цæмæйты бавæрдтой, уыдон ма ферох кæнын. Ууыл абон æрныхас кодтой республикæйы æхсæнадон палатæйы уæнгтæ.

Цæгат Ирыстоны Парламенты ног æвзæрст
æмбырды кусдзысты цыппар политикон партийы депутаттæ. Ныртæккæ сын
сæйрагдæр у, æвзæрстыты агъоммæ адæмæн зæрдæ цæмæйты бавæрдтой, уыдон ма ферох кæнын. Ууыл абон æрныхас кодтой республикæйы æхсæнадон палатæйы уæнгтæ. Æмбырд цыди он-лайны хуызы.

 Сæлбиты Зитæ бакаст курдиаты мидис, фыст
дзы уыди, республикæйы райрæзты тыххæй æппæт политикон партиты тыхтæ
дæр баиу кæнын кæй хъæуы, уый. «Уырны нæ, ног æвзæрст депутаттæ партиты
‘хсæн ахадгæ æмгуыстад кæй кæндзысты, уый» – загъд ис курдиаты. Æмбырды
æвзæрстыты хатдзæгтыл ныхас нæ цыд. Æхсæнадон советы уæнгтæ бацæттæ
кодтой фарстатæ, фæнды сæ цæмæй сæм депутаттæ æркæсой, æмæ скæной
бæлвырд хатдзæгтæ. Се ‘хсæн: коррупциимæ тох, цæрæн-коммуналон хæдзарады
уавæр, дзулы продуктты аргъ, ахуырады æмæ культурæйы кусджыты чысыл
мызд, организациты æмæ цæрæн хæдзæртты бацæуæнты пандустæ кæй нæй, уый,
стæй экологийы фарстатæ. Ныхас ма цыд, хорз фыст закъонтæ бирæ хатт
царды кæй нæ рацæуынц, ууыл дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania