филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:44 суббота, 21 сентября 2024
27 ноября 2012, 09:33
Цæгат Ирыстоны райдыдта 2013-æм азмæ газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны кампани

Республикæйы цæрджыты уарзондæр газетты хсæн ис «Рæстдзинад» дæр. Ног азы йæ равзæрдыл æххæст кæны 90 азы. Уæдæй нырмæ æхсæнадон, политикон, этнографион, культурон, патриотон газет, фыццаджыдæр

Республикæйы цæрджыты уарзондæр газетты
хсæн ис «Рæстдзинад» дæр. Ног азы йæ равзæрдыл æххæст кæны 90 азы. Уæдæй
нырмæ æхсæнадон,

политикон, этнографион, культурон, патриотон газет, фыццаджыдæр, архайы
адæмæн рæстаг хабæрттæ хъусын кæныныл. Фæстаг рæстæг та газеты фæзынд
ивддзинæдтæ. Зæгъæм, мыхуыргонд дзы æрцæуы, ирон æвзаг æмæ литературæйы
ахуыргæнджытæн сæ бон урокты пайда кæнын кæмæй у, ахæм æрмæг. Æрыгон
фысджытæн дзы ис фыццаг къахдзæфтæ акæныны фадат дæр. «Рæстдзинад» – æн
йæ тираж у 8 мин экземплярæй фылдæр. Уымæй фылдæр тираж нæй, Цæгат
Кавказы мадæлон æвзагыл цы газеттæ мыхуыр кæнынц, уыдонæй иуæн дæр.

Цгъойты Хазби, газет «Рæстдзинад»-ы
бæрнон редактор: «Не взаджы ис нæ истори æмæ не взаг куы фесафæм, уæд не
взагимæ сæфынц нæ истори, не гъдæуттæ, стæй нæ адæм дæр. Æмæ цæмæй ма
фесæфа, уый тыххæй уыцы хъуыддагыл архайы газет «Рæстдзинад». Æмæ нæ
фæнды, цæмæй уыцы арфæйаг хъуыддаджы, ахсджиаг хъуыддаджы алы ирон дæр
нæ фарсмæ куы рбалæууид».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania