филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:43 вторник, 16 декабря 2025
29 апреля 2014, 18:50
Цæгат Ирыстоны райдыдта æппæтуæрæсеон акци «Георгийы лент»

Æрвылаз арæзт æрцæуы Уæлахизы боны кадæн, æмæ ахæссы 9-æм маймæ. Республикæйы акци саразыныл бацархайы фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрад.

Цæгат Ирыстоны райдыдта æппæтуæрæсеон акци «Георгийы лент»
Цæгат Ирыстоны райдыдта æппæтуæрæсеон акци «Георгийы лент». Æрвылаз арæзт æрцæуы Уæлахизы боны кадæн, æмæ ахæссы 9-æм маймæ. Республикæйы акци саразыныл бацархайы фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрад.

12 сахатыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты сæйраг бацæуæны цур æрæмбырд бирæ адæм. Æппæтуæрæсеон акци «Георгийы лент» ардыгæй райдыдта. Лентытæ фыццаг балæвар кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн Петр Донскойæн æмæ Сихъоты Эльбрусæн. Бабаста сыл сæ фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министр Бæройты Хасан. Ветеранты ныхæстæм гæсгæ ацы акцийæн стыр ахадындзинад ис.

Сихъоты Эльбрус, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Фыццаг стыр хæстыты ахæм лент-иу бакодтой тырысайыл, стæй йæхи хъæбатырæй чи æвдыста, уыдоны хорзæхджын кодтой. Уыцы хорз миниуæг ис абон дæр. Алы аз дæр вæййы уыцы бæрæгбон. Нæ хæс у æфсæддонтæн, ветерантæн, фæсивæдæн ног нысантæ зæгъын, амондджынæй куыд рæзой, хорз куыд ахуыр кæной».

Акци «Георгийы лент» арæзт цæуы 2005-æм азæй фæстæмæ. Азæй-азмæ дзы цы бæстæтæ архайы, уыдоны нымæц фылдæр кæны. Ацы хатт цæуы 75 паддзахады. Цæгат Ирыстоны марафон арæзт вæййы фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады хъæппæрисæй.

Тедеты Сослан, РЦИ-Аланийы фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомылады центры хайады хицау: «Æрыгон фæлтæры хъæуы кусын, цæмæй уыцы хæст ма ферох уа, стæй хъайтартæ. Адæмæн дæр æхсызгон у. Бузныг нын дзурынц. Фæсивæд дæр уынынц, сæ куыст æнæ бузныггагæй кæй нæ зайы, æмæ тынгдæр тырнынц ацы куыстмæ».

Дзæуджыхъæуы акци арæзт цæуы 5 бынаты – паддзахадон университеты æмæ кинотеатр «Дружбæ»-йы цур, стæй «Иудзинады», «Уæлахизы» æмæ Штыбы фæзты. Лентытæ уарынц скъоладзаутæ, студенттæ æмæ волонтертæ. 13-æм скъолайы ахуырдзау Мæрзаганты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй йын акцийы архайын бæрнон у.

Мæрзаганты Руслан, Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы ахуырдзау: «Æз ацы акцимæ мæхи цалдæр боны цæттæ кодтон, мæхи лентытæ бæттын ахуыр кодтон. Нæ фыдæлтæ, хæсты чи уыдысты, уыдон нын дзæбæх цард радтой».
 
Волонтертæ ма уæрстой æртæкъуымон фыстæджытæ дæр. Сæ бындуры – хæсты рæстæг æфсæддонтæ сæхимæ цы фыстæджытæ æрвыстой, уыдон.

Лентытæ райсдзысты республикæйы районты цæрджытæ дæр. Акци цæудзæн 9-æм маймæ. Уыцы рæстæгмæ байуардзысты 22 мин лентæй фылдæр.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania