филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:57 среда, 22 мая 2024
23 апреля 2013, 17:38
Цæгат Ирыстоны райдыдта æппæтуæрæсеон акци «Георгийы лент»

Баст у Уæлахизы Бонимæ, æмæ ахæсдзæн 9-æм маймæ. Уыцы рæстæгмæ волонтертæ байуардзысты 40 мин ленты. Фыццаг лентытæ абон радтой Фыдыбæстæйы стыр хæсты ветерантæ Елеты Самсодин æмæ Магкæты Исрафил.

Цæгат Ирыстоны райдыдта æппæтуæрæсеон акци «Георгийы лент».

Баст у Уæлахизы Бонимæ, æмæ ахæсдзæн 9-æм маймæ. Уыцы рæстæгмæ волонтертæ байуардзысты 40 мин ленты. Фыццаг лентытæ абон радтой Фыдыбæстæйы стыр хæсты ветерантæ Елеты Самсодин æмæ Магкæты Исрафил. «Георгийы лентæ» у патриотизмы æмæ уæлахизы символ. Цæгат Ирыстоны акци арæзт цæуы фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады æххуысæй.

Магкæты Исрафил, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Уый у лæгдзинады нысан, уæлахизыл дзурæг. Æмæ кæдфæнды дæр уæлахиз куыд кæнæм, ахæм амонд нæ уæд».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania