Хонынц ма йæ Лæгтыдзуармæ кувæн къуыри дæр. Бæрæг æй кæнынц рагзамантæй фæстæмæ. Баст уыд Лæгтыдзуар æмæ дунейы Бардуаджы номимæ, стæй фæззыгон куыстыты кæронимæ.
Ацы бæрæгбон кæд нæлгоймæгты бæрæгбоныл нымад у, уæддæр æнæ сылгоймæгты æххуысæй нæ рауайдзæн. Хæдзары фсин Доййаты Иринæ Галæргæвдæнмæ, æгъдаумæ гæсгæ, скодта æртæ кæрдзыны. Ацы нывонд галы схастой сæрмагондæй ирон адæмы кадджындæр бæрæгбонмæ.
Ацы бæрæгбон Доййаты æфсымæртæ Тамерлан æмæ Таймураз бæрæг кæнынц иумæ, цы хæдзары райгуырдысты æмæ схъомыл сты, уым.
Хистæр нæлгоймæгтæн зæрдиагæй æххуыс кæнынц фæсивæд дæр. Гыццыл лæппутæ та сæм цымыдисæй фæкæсынц, æмæ сабибонтæй фæстæмæ ахуыр кæнынц ирон æгъдауыл.
Æнæнхъæн къуыри Ирыстоны бæрæг кæндзысты сæйрагдæр æмæ кадджындæр бæрæгбон. Иу къуырисæрæй – иннæмæ, алы хæдзары дæр æфсинтæ сфыцынц нæртон бæгæны, хæдзары хистæр скувы æртæ чъирийы æмæ бинонты бафæдзæхсы Хуыцауыл æмæ йе сконд зæдтыл. Æнæхъæн къуыри кæрæдзимæ фæцæуынц уазæгуаты, сыхæй-сыхмæ скæнынц куывдтæ. Джеоргуыбайы сæрмагондæй фæкувынц нæлгоймæгтыл аудæг – Уастырджимæ (Лæгтыдзуармæ). Кувæг лæгтæ Хуыцауæй фæкурынц Ирыстонæн сабырдзинад, фарн æмæ амонд. Бæрæгбон стыр ахъаз у адæмы `хсæн хæлар ахастдзинæдтæ рапарахат кæнынæн, адæмы кæрæдзимæ æрбангомдæр кæнынæн.
