филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:03 понедельник, 13 мая 2024
13 марта 2013, 11:19
Цæгат Ирыстоны районты цæттæ сты зæххы хæйттæ дæттыны тыххæй закъон царды уадзыныл

Бирæсывæллонджын бинонтæн зæххы хæйттæ раттыны тыххæй йе ‘рвылазон ныстуаны фарста æрæвæрдта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз.

Бирæсывæллонджын бинонтæн зæххы хæйттæ раттыны тыххæй йе ‘рвылазон ныстуаны фарста æрæвæрдта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Лæвар зæхх райсыны тыххæй республикæйы курдиæттæ исын райдыдтой, æмæ иуæй иу бинонтæ систы сæхи зæххыты хицæуттæ.

Женя, Денис, Ренат æмæ гыццыл Даниил, ныртæккæ йыл цæуы 6 мæйы. Цыппар фырты сæ ныййарджытимæ цæрынц сæ фыды мады чысыл хæдзары.

Якушинты бирæсывæллонджын бинонтæ сæ курдиат балæвæрдтой фыццæгтимæ. «Адæймаг зæххы куыстæй йæхи дары»,- зæгъы хæдзары фсин Екатеринæ. Уымæ гæсгæ сæ сæхи зæххы хай сæ рагæй хъуыди, æмæ ныр сæ бæллиц сæххæст. Ныридæгæн хъуыды кæны йæхи цæхæрадон халсартæ æмæ дыргъбæлæстæ куыд ныссаддзæн, ууыл. Стæй æнæмæнгæй скæндзæн бирæ фос. Фыццаг бакастæй хуымæтæг фæндтæ, фæлæ нырмæ йæ къухы не фтыдысты.

Екатерина Якушева: «Нысан дзы кæнæм цыппар уаты саразын. Цæмæй сывæллæттæн дæр фаг уой, æмæ махæн дæр нæ фадæттæ фæхуыздæр уой. Мæнмæ гæсгæ нæ къухы бафтдзæн сæ саразын».

Хæдзар саразын фæнд кæнынц сæхи къухтæй. Мадæлты капиталы æхца сын сфаг æрмæстдæр Николаевскийы станицæйы кæрон иу кæлæддзаг хæдзар балхæнынæн, фæлæ дзы афтæ дæр не рцардысты, уымæн æмæ дзы уавæртæ нæ уыд. Ныр уый ауæй кæндзысты, æмæ хæдзар аразын райдайдзысты Мичурины.

Бирæсывæллонджын бинонтæн районы хицауад центрмæ хæстæг радих кодта 10 гектары фæзуат. Хъæуы ма гæххæттытæ бацæттæ кæнын.

Æрыдоны районы муниципалон сконды сæргълæууæг Гусаты Тамерлан куыд зæгъы, афтæмæй арæзтадтæн зæхх ссарын зын уыди. Фæлæ ныртæккæ хъуыддаг ницыуал уромы. Сæйрагдæр у, цæмæй демографион уавæр фæхуыздæр уа.

Мæнæ ацы зæххытæм æнхъæлмæ кæстысты бирæ азты. Нырма уал сты афтид, фæлæ дзы тагъд фæзындзæн хæдзæрттæ. Сырæздзæн дзы район.

Зæххы хай райсыны тыххæй курдиат бадæттын сæ бон у, æртыккаг æмæ уый фæстæ чи райгуыра, уыцы сывæллон дунемæ 2011-æм азы июны фæстæ кæмæн фæзына, ахæм бинонтæн. Домæнтæм гæсгæ, бинонтæ хъуамæ нымад уой фæкæсынхъуагыл, стæй Цæгат Ирыстоны 15 азæй къаддæр ма цæрой.

Мамсыраты Таймураз куыд загъта, афтæмæй бакусын хъæуы, ацы хъуыддаг царды æвæстиатæй рауадзыныл. Æрыдоны районы ныридæгæн сæ курдиæттæ балæвæрдтой сæдæ бинонтæй фылдæр.

Касаты Наирæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania