04 августа 2016, 11:50
Цæгат Ирыстоны сæйраг æвзарæн къамисы ма регистраци скодтой Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутаттæм æхсæз кандидаты
Уæрæсейы Паддзахадон думæйы депутаттæм æвзæрстытæ уыдзысты 18-æм сентябры. Уæд сбæрæг уыдзысты Паддзахадон Думæйы Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ.
Цæгат Ирыстоны сæйраг æвзарæн къамисы ма регистраци скодтой Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутаттæм æхсæз кандидаты. Æмбырды æвдисæндартæ ацы хатт радтой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы кандидат Таймазты Артурæн, «Родина»-йæ – Владимир Писаренкойæн, «Партия роста» та бахаста Гиоты Русланы кандидатурæ, «Уæрæсейы Коммунистты» кандидат у Нугзар Мусульбес, «Яблоко»-йы кандидат сси Хæтæгты Алексей, Уæрæсейы Федерацийы Коммунистон партийæ æвдисæндар райста Кочиты Роберт. Уæрæсейы Паддзахадон думæйы депутаттæм æвзæрстытæ уыдзысты 18-æм сентябры. Уæд сбæрæг уыдзысты Паддзахадон Думæйы Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ.

темæмæ гæсгæ