08 мая 2018, 12:00
Цæгат Ирыстоны сæрдыгон фæлладзуадзæн рæстæг сывæллæтты базæтæм арвитыны тыххæй радих кæндзысты 150 милуан сомы
Ныртæккæ къамисы уæнгтæ бæрæг кæнынц объекттæ, æмæ кæсынц, æдасдзинады мадзæлттæ дзы куыд конд æрцыдысты, уымæ.
Цæгат Ирыстоны сæрдыгон фæлладзуадзæн рæстæг сывæллæтты базæтæм арвитыны тыххæй радих кæндзысты 150 милуан сомы.
Ныртæккæ къамисы уæнгтæ бæрæг кæнынц объекттæ, æмæ кæсынц, æдасдзинады мадзæлттæ дзы куыд конд æрцыдысты, уымæ. Ныридæгæн уал бæлвырд сты, фæлладуазджыты райсынмæ цæттæ чи у, ахæм 6 организацийы. Ацы бæрæггæнæнты тыххæй, комитетты сæргълæуджытимæ æмæ районты бынæттон администрациты разамонджытимæ сæрмагонд æмбырды, фехъусын кодта хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Куыд загъта, афтæмæй ацы аз æнæниздзинад фидардæргæнæн кампани хъуамæ арæзт æрцæуа æмбæлгæ æмвæзадыл. Æмбырды ма бæстон æрлæууыдысты, Мæздæджы, Æрæфы, Рахизфарсы æмæ Гортæгæрон районты адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны программæ куыд æххæстгонд цæуы, ууыл. Зæгъæм, Хуымæллæджы цыппар бинонтæн райдыдтой ног хæдзар аразын. Æдæппæтæй та Рахизфарсы районы ног цæрæнуæттæ райсдзысты 48 бинонтæ.
темæмæ гæсгæ




