08 октября 2014, 11:15
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хъæппæрисмæ гæсгæ арæзт æрцыд актуалон закъоны проект
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, дыууæ мины æртындæсæм азы кæрон Мамсыраты Таймураз фæндон бахаста, наркотикты ныхмæ тох кæныны тыххæй федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссын. Уыдонмæ гæсгæ фæкарздæр кæнын хъæуы административон æфхæрд. Ацы азы февралы та Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы амындмæ гæсгæ, сенатор Хацъæты Олег ацы фарста рахаста Федерацийы Советы æмбырды боны фæткмæ.
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хъæппæрисмæ гæсгæ арæзт æрцыд актуалон закъоны проект. Уæрæсейы цы «спайс-эпидеми» фæзынд, ууыл абон дзурынц нæ бæстæйы æппæт регионты дæр.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, дыууæ мины æртындæсæм азы кæрон Мамсыраты Таймураз фæндон бахаста, наркотикты ныхмæ тох кæныны тыххæй федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссын. Уыдонмæ гæсгæ фæкарздæр кæнын хъæуы административон æфхæрд. Ацы азы февралы та Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы амындмæ гæсгæ, сенатор Хацъæты Олег ацы фарста рахаста Федерацийы Советы æмбырды боны фæткмæ. Архайдта дзы наркотикты зилдухмæ цæстдарды федералон службæйы директор. Уый бахаста Федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæндон. Хъуамæ территориалон управлениты разамонджытæм уой бартæ, æнæзакъон препаратты зилдух бауромынæн. Цæгат Ирыстоны хъæппæрисмæ, Валентина Матвиенкойы хъуыдымæ гæсгæ хъæуы æркæсын социалон политикæйы æмæ хъахъхъæнынады комитетты æмбырды.
темæмæ гæсгæ




