Электрон паддзахадон лæггæдтæй хъуамæ алкæйы бон дæр уа пайда кæнын. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз архайдта информацион технологитæй пайда кæныны хицауадон къамисы æмбырды.

Электрон паддзахадон лæггæдтæй хъуамæ алкæйы бон дæр уа пайда кæнын. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз архайдта информацион технологитæй пайда кæныны хицауадон къамисы æмбырды.
Онлайны хуызы йæ амыдта Уæрæсейы Хицауады сæрдар Дмитрий Медведев. Ныхас цыд паддзахадон æмæ муниципалон лæггæдтæй электрон хуызы пайда кæныны проектыл. Премьер-министры ныхæстæм гæсгæ, проекты сæйраг хæс у, лæггæдтæ æрмæст электрон хуыз радтын нæ, фæлæ коррупцион фæзындтытæ фæкъаддæр кæнын. Дмитрий Медведев куыд зæгъы, афтæмæй бацархайын хъæуы, цæмæй адæм сахатгай рады ма лæууой, æмæ сæ цалдæргай хæттыты регистраци кæнын ма хъæуа.
Уæрæсейы бастдзинады æмæ дзыллон коммуникациты министрады рейтингмæ гæсгæ ацы хъуыддаджы Цæгат Ирыстон Цæгат Кавказы федералон зылды ис фыццаг бынаты.
Рейтинджы сæйраг домæн у, иумæйаг системæйы хыгъды цал архайæджы ис, уый. «Фæлæ ацы бæрæггæнæнтæ ууыл дзурæг не сты, æмæ куыст фæлæмæгъдæр кæнын хъæуы», – зæгъы Мамсыраты Таймураз.
