Мæнг демократи, политикон культурæ æмæ амарын рахæссыны тæрхон… Ацы æмæ æндæр фарстатыл Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг ныхас кодта Хæххон Металлургон институты студенттимæ.

Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй йæ размæ сæвæрдта хæс – фæсивæды йæ фæлтæрдзинадимæ базонгæ кæнын, куыд политикон куысты, афтæ царды дæр. Фыццаджыдæр фæсидт æрыгæттæм, цæмæй ма тæрсой иннæтæй хицæн кæнын, сæхи раргом кæнын, сæ бæллицтæм тырнын, сæ бынат царды агурын.
Идеологон фарстатыл дзургæйæ, Мамсыраты Таймураз радзырдта, америкаг демократи бирæ паддзададтыл куыд фæзынд, уый тыххæй. Мæнг демократийы аххосæй дзы кæцыдæртæ цалдæр дихы аисты… «Цыфæнды уавæрты куы уай, уæддæр хъуамæ дæ цæсгом, дæ кад уа дæхимæ» – загъта республикæйы сæргълæууæг. Адæймаджы хуыздæр æмæ фæзминаг миниуджытыл ныхас кæнгæйæ, дæнцæгтæ æрхаста Библийæ æмæ Хъуыранæй. Бафиппайдта куыд раст уыдысты рагон бердзенаг философтæ.
Хицæн ныхас рауад адæймагæн амарыны тæрхон рахæссыны уынаффæйы тыххæй. Мамсыраты Таймураз æй нæ сусæг кæны йæхæдæг кæй у мораторийы айсыны фарс.
Студенттæй дæр чидæртæ рахæцыдысты йæ фарс. Иннæтæ та – ахæм тæрхон нымайынц æгæр карзыл. Студеннттæ республикæйы сæргълæууæгмæ лæвæрдтой бирæ фарстатæ.
