05 марта 2018, 18:20
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Смоленскы облæсты губернатор Алексей Островский бафыстой регионты æмгуыстады бадзырд
Йæ фыццаг хатдзæгтæ уыдзысты сентябры.
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Смоленскы облæсты губернатор Алексей Островский бафыстой регионты æмгуыстады бадзырд.
Йæ фыццаг хатдзæгтæ уыдзысты сентябры. Уæд бæрæггонд цæудзæн, Смоленск немыцаг фашисттæй суæгъд кæныны 75 азы бон. Номарæн мадзæлтты архайдзысты нæ республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ. Дыууæвæрсыг фембæлды регионты разамонджытæ загътой, кæд географион уавæрмæ гæсгæ кæрæдзимæ дардгомау стæм, уæддæр хорз æмæ æнгом ахастдзинæдтæ нæ бон аразын у. Зæгъæм, Цæгат Ирыстоны æмæ Смоленскы облæсты стыр æргом здæхт цæуы аграрон сектормæ. Уымæй дарддæр дыууæ регионæн сæ бон у цæрмыты куыст кæнын дæр. Стæй ма цæгатирыстойнаг амалхъом адæмы архайды фæрцы къуырцъдзæвæнæй ракæнæн ис Смоленскы облæсты карз нозтуадзæг куыстуæттæ.
темæмæ гæсгæ




