03 мая 2018, 18:00
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æртæуатон фатерæй дæгъæлтæ радта, Голландийы чи фæмард, уыцы æрыгон сылгоймаг Богъаты Альбинæйы бинонтæн
8-аздзыд Алан, 5-аздзыд Давид æмæ 3-аздзыд Альбертимæ республикæйы разамонæгимæ фембæлдмæ æрбацыд сæ нана Валентинæ.
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æртæуатон фатерæй дæгъæлтæ радта,
Голландийы чи фæмард, уыцы æрыгон сылгоймаг Богъаты Альбинæйы бинонтæн. 8-аздзыд Алан, 5-аздзыд Давид æмæ 3-аздзыд Альбертимæ республикæйы разамонæгимæ фембæлдмæ æрбацыд сæ нана Валентинæ. Фатер сын балхæдтой æнæбюджетон фæрæзтæй. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй фæсидтысты бизнес-æхсæнады минæвæрттæм, æмæ уæд иу амалхъом адæймаг сывæллæттæн балхæдта уæрæх æмæ райдзаст цæрæнуат. Зæрдæ дарæн ис, æмæ ацы кæстæртæ куы бахъомыл уой, уæд стыр лæгтæ кæй суыдзысты, ууыл. Амондджын уæд, загъта Битарты Вячеслав. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, Богъаты Альбинæйы амардта йæ бинойнаг. Сывæллæтты дарддæр хъомыл кæныны бартыл тох кодтой сæ фыды хæстæджытæ. Уæд хъуыддаг йæхимæ райста Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг. Фембæлд Голландийы бартæ хъахъхъæнджытимæ. Къамисы баууæндын кодта, сæ мады райгуырæн бæстæйы сын иттæг хорз уавæртæ кæй уыдзæн, ууыл. Афтæмæй тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ æртæ лæппуйыл æмцег кæны сæ мады æфсымæр Богъаты Алан. Сывæллæттæ ныр цæрынц Дзæуджыхъæуы.
темæмæ гæсгæ




