Бæлвырддæр та Битарты Вячеслав тыхы структурæты минæвæрттæй ракуырдта, цæмæй сæ хæстæ кæрæдзиуыл ма вæрой, фæлæ алчидæр куса æргом æмæ раст. Координацион советы æмбырды ма республикæйы разамонæг иу хатт се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта Цъыккаты Владимиры ахсджиаг хъуыддаджы тыххæй.
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг фæсидт барадхъахъхъæнæг оргæнты минæвæрттæм, цæмæй кусой бæстон æмæ æнгомдæр, адæмы æдасдзинад бахъахъхъæныны фарстатыл.
Бæлвырддæр та Битарты Вячеслав тыхы структурæты минæвæрттæй ракуырдта, цæмæй сæ хæстæ кæрæдзиуыл ма вæрой, фæлæ алчидæр куса æргом æмæ раст. Координацион советы æмбырды ма республикæйы разамонæг иу хатт се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта Цъыккаты Владимиры ахсджиаг хъуыддаджы тыххæй. Æмæ загъта, азымджын чи цæуы, уыдоны фæдыл уынаффæ раст хаст не рцыд. Ома сæ сбадын кæныны бæсты, рауагътой, æмæ сын республикæйæ æндæр ранмæ ацæуыны бар нæй. Иннæ ахсджиаг фарста та баст уыд зæххы ахастдзинæдтимæ. Алы ран дæр йæ кадастры аргъ кæны ныллæгдæр, фæлæ уымæн бындур нæй. Афтæмæй, хъалонтæ фидгæйæ, дзæгъæлы фесæфынц сæдæгай милуантæ.




