28 января 2013, 16:53
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз абон радта паддзахадон хæрзиуджытæ
«Фыдыбæстæйы цур сгуыхтдзинæдты» 2-аг къæпхæны майдантæ райстой æртæ адæймаджы.
«Фыдыбæстæйы цур сгуыхтдзинæдты» 2-аг къæпхæны майдантæ райстой æртæ адæймаджы. Алы хуызы куыстуæтты минæвæрттæн лæвæрд æрцыд сгуыхт кусджыты нæмттæ. Уæрæсейы президент Владимир Путины номæй арфæ райста Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей. Республикæйы хицауады сæрдар Такъоты Сергейыл та сæмбæлд президенты номæй арфæйы фыстæг. Дæс адæймагæн радтой «Ирыстоны намысы» майдантæ. Хацъæты Олег та Федерацийы Советы номæй арфæ ракодта газет «Северная Осетия»-йы кусджытæн.
темæмæ гæсгæ




