06 февраля 2013, 11:17
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз фембæлд Горæтгæрон районы цæрджытимæ
Ногиры, Куыртатты æмæ Алханчурты цæрджытæ йæм æрбацыдысты ахуырады, æнæниздзинады, юридикон, социалон æмæ æндæр фарстатимæ.
Ногиры, Куыртатты æмæ Алханчурты цæрджытæ йæм æрбацыдысты ахуырады, æнæниздзинады, юридикон, социалон æмæ æндæр фарстатимæ. Бирæтæн Мамсыраты Таймураз у сæ фæстаг ныфс. Зæгъæм, Черменыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æгкæцаты Бэлæ куры, цæмæй сын баххуыс кæной хъæумæ дон æмæ газ бауадзыны, стæй фæндæгтæ сцалцæг кæныны хъуыддаджы. Архонкæйы сывæллæтты рæвдауæндон кæмæ хауы, уый та бæрæг дæр нæу. Фæнды сæ, цæмæй уа муниципалон. Лалыты Людмилæйæн цыбыр рæстæгмæ амардысты йæ фырт æмæ йæ цардæмбад. Фарон та басыгъд йæ хæдзар. Къултæ дæр дзы нал баззад. Рæстæгмæ сæ суазæг кодтой сыхæгтæ, фæлæ ахæм уавæрты кæдмæ цæрæн ис? Æмæ æххуыс курæг æрбацыд Мамсыраты Таймуразмæ.
Лалыты Людмилæ, Ногиры цæрæг: «8 декабры мæ хæдзар басыгъд. Мæ агъуыстытæй ницыуал баззад. Мæнæ йæ уæхæдæг уынут. Мæ фырт æмæ йæ сывæллæттæ, æз цы уавæрты стæм, уый зын зæгъæн у. Мæ зæрдæ ма Мамсыраты Таймуразыл дарын. Уый нын куы нæ баххуыс кæна, уæд цытæ кæндзынæн, уый нæ зонын. Мæ бинонтæй иу инвалид у, иннæмæн бинонтæ. Сывæллæттæ дарын æй хъæуы. Æмæ кæм ссарон уый бæрц æхца хæдзар саразынмæ. Цæмæй цы райдайон?»
темæмæ гæсгæ




