филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:34 воскресенье, 29 сентября 2024
10 сентября 2014, 10:44
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз хорзæхгонд æрцыд

«Тæрхондоны пъырыстыфты Фæдералон службæйы кадджын кусæджы» риуылдаргæ нысанæй. Хæрзиуæг ын кадджын уавæры радтой пъырыстыфты 5-æм æппæтдунеон наукон-практикон конференцийы.

74184
«Тæрхондоны пъырыстыфты Фæдералон службæйы кадджын кусæджы» риуылдаргæ нысанæй. Хæрзиуæг ын кадджын уавæры радтой пъырыстыфты 5-æм æппæтдунеон наукон-практикон конференцийы. Æмбырды ма хæрзиуджытæ радтой РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар Такъоты Сергейæн æмæ республикæйы сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы разамонæг Таболты Сергейæн. Саккаг сын кодтой «Тæрхондоны пъырыстыфты Фæдералон службæйы сгуыхтдзинæдты тыххæй» майдантæ. Конференцийы райдиан Мамсыраты Таймураз пъырыстыфтæн раарфæ кодта сæ хорз куысты тыххæй æмæ сын йæ зæрдæ загъта, цæмæй конференцийы куыст уа ахадгæ æмæ æнтыстджын.
Мамсыраты Таймураз, РЦИ-Аланийы сæргълæууæг: «Ацы конференци Дзæуджыхъæуы арæзт кæй æрцыд, уый тыххæй мæ мадзал саразджытæн фæнды бузныг зæгъын, уæлдайдæр та Артур Парфенчиковæн. Мах бацархайдзыстæм æмæ сараздзыстæм æппæт фадæттæ цæмæй конференцийы архайджыты куыст уа ахадгæ. Цæмæй конференцийы фææткмæ гæсгæ цы нысангонд æрцыд, уыдон æххæстгонд æрцæуой».
Конференцимæ ссыдысты 17 паддзахадæй 140 минæварæй фылдæр, тæрхондоны уынаффæтæ æххæстгæнæг оргæнты кусджытæ, политикон æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, банчы кусджытæ, стæй бæрнон кусджытæ. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй алы бæстæты пъырыстфтæ се ппæты базонгæ кæндзысты сæ фæлтæрддзинадимæ. Конференцийы рæстæг уыдзысты дискусситæ, æвдыст цæудзысты алыхуызон проекттæ. Бæстон ныхас дзы цæудзæн хæсджынты агурыны æмæ сын сæ хæстæ фыдын кæныны мадзæлттыл. Официалон мадзæлтты фæстæ та уазджытæн скæндзысты экскурситæ. Базонгæ сæ кæндзысты Дзæуджыхъæуы историимæ æмæ архитектурæимæ, бабæрæг кæндзысты ЦИПУ-йы рагон Алайнаг цыртдзæвæнты музей. 5-æм æппæтдунеон наукон-практикон конференци Цæгат Ирыстоны хицауады, ЦИПУ-йы æмæ Уæрæсейаг барадон академийы æххуысæй сарæзта Пъырыстыфты службæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania