филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:27 воскресенье, 28 апреля 2024
14 февраля 2013, 17:24
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз Парламенты раныхас кодта республикæйы социалон-экономикон фарстатыл

Республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз йæ радон ныстуан райдыдта, бюджетон кусджыты: ахуыргæнжыты, дохтырты æмæ хъомылгæнджыты мызд фæфылдæр кæныныл куыст кæй цæуы, уымæй. Рæстæмбис нымадмæ гæсгæ 2018 – æм азмæ хъуамæ схæццæ уа 27 мин соммæ.

Бюджетон кусджытæн сæ куысты мызд фæфылдæр кæнын, республикæйы туризм æмæ национ иудзинад райрæзын кæнын. Ацы æмæ æндæр ахсджитаг фарстатыл Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз æрдзырдта йе рвылазон раныхасы. Каст æрцыд ивгъуыд афæдзы хатдзæгтыл æмæ ацы аз республикæйы раз цы хæстæ æвæрд ис, уыдоныл.

Республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз йæ радон ныстуан райдыдта, бюджетон кусджыты: ахуыргæнжыты, дохтырты æмæ хъомылгæнджыты мызд фæфылдæр кæныныл куыст кæй цæуы, уымæй. Рæстæмбис нымадмæ гæсгæ 2018 – æм азмæ хъуамæ схæццæ уа 27 мин соммæ. Стыр æргом аздæхта республикæйы районты хицауады куыстмæ. Куыд загъта, афтæмæй бынæттон администрациты фылдæр хай сæхи дарынхъом не сты, æмæ сæ биноныгдæрæй кусын хъæуы.

Бекмæрзты Валери, Æрæфы районы сæргълæууæг: «Мæнæн уæлдай æхсызгон у, нæ районы хорз кой нын кæй ракодта, уый. Кусдзыстæм, цæмæй Республикæйы сæргълæууæджы иннæ азы ныстуаны ноджы хуыздæр хабæртты аккаг суа нæ район».

Мамсыраты Таймураз ма куыд загъта, афтæмæй Хицæуттæ адæмæн кусынц, æмæ сæм хуымæтæг адæймаг, хъуамæ исты фарста раиртасынмæ рады ма лæууæ, бахъуаджы сахат сæрмагонд бонтæм ма æнхъæлмæ кæса. Афæдзмæ цы æнтыстдзинæдтæ арæзт æрцыд, уыдонæй иу у, республикæйы цæрджытæн материалон æххуыс 96 милуан сомы бæрц конд кæй æрцыд, уый. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ фæстаг 6 азмæ республикæйы мæгуыр адæмы нымæц дыууæ хатты кæй фæкъаддæр. Мамсыраты Таймураз радзырдта, инвæлидты æнцон цардæн уавæртæ арæзт кæй цæуы, уый тыххæй дæр.

Цæллагкаты Жаннæ, Цæгат Ирыстоны инвæлидты реабилитацион центры директор: «Тынг хорз хъуыдытæ радон хатт загъта нæ республикæйы сæргълæууæг. Бирæ кусы инвæлидты уавæртæ фæхуыздæр кæныныл, фæлæ сæм рагæй цæстдард кæй нæ цæуы, уымæ гæсгæ фарстатæ сбирæ сты, æмæ сæ саразынæн рæстæг хъæуы».

Цæгат Кавказы рæзты программæмæ гæсгæ, 2025-æм азмæ Цæгат Ирыстонæн дихгонд æрцæудзæн 23 миллиарды æмæ 400 милуан сомы. Уыдоны фылдæр хай уыдзæн федералон бюджетæй.

Адæймаджы ‘фтиæгтæ ныртæккæ кæд 16 мин соммæ хæццæ кæнынц, уæд 12 азы фæстæ схæццæ уыдзысты 40 мин соммæ. Республикæйы разамонæг стыр æргом аздæхта демографийы фарстамæ. Иу бинонты хъуамæ хъомыл кæной æппынкъаддæр 3 сывæллоны. Уый у нацийы фидæны фарста. Уымæй уæлдай ма фадæттæ аразын хъæуы, республикæйы цæрæг адæмы хæттыты ‘хсæн хæлар ахастдзинæдтæ фидар кæныныл.

Гуæцæлты Хаджимурат, Цæгат Ирыстоны муфти: «Мах дæр кусæм æмæ кусдзыстæм адæмы лымæн цардыл».

Фæсивæды куысты бынæттæй сифтонг кæныны хъуыддаг у вазыгджындæртæй иу. Республикæйы сæргълæууæг хицауадæн бахæс кодта, цæмæй, уæлдæр скъолатæ æмæ училищæтæ каст чи фæци, уыдонæн бынæттæ рагацау куыд цæттæ кæной, цæмæй æндæр рæттæм ма цæуой куыстагур.

Республикæйы сæргълæууæг ма куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй сæйраг хæс у тыхджын æмæ фæрнджын республикæ саразын, уыцы хъуыддаджы сæйраг у хицауады æмæ æхсæнады æмгуыстад.
Мамсыраты Таймуразы ныстуанæй бæрæг у, фæстаг рæстæг республикæйы царды уавæртæ дзæвгар кæй фæхуыздæр сты, уый. Фæлæ куыд загъта, афтæмæй, цæмæй ноджы фылдæр æнтыстдзинæдтæ къухы бафта, уый тыххæй та хъуыдытæн царды бынат арын хъæуы иумæйагæй.

Сосранты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania