08 мая 2019, 12:20
Цæгат Ирыстоны самбойы бындурæвæрæг Варастат Григорянц сбæрæг кодта йæ 90 азы юбилей
Уый фæдыл ын раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты йе мбæлттæ, æмкусджытæ æмæ йæ раздæры хъомылгæнинæгтæ.
Цæгат Ирыстоны самбойы бындурæвæрæг Варастат Григорянц сбæрæг кодта йæ 90 азы юбилей.
Уый фæдыл ын раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты йе мбæлттæ, æмкусджытæ æмæ йæ раздæры хъомылгæнинæгтæ. Зындгонд тренерæн ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ, стæй йе спортивон сгуыхтдзинæдты тыххæй майдан. Сæ зæрдæ йын загъта æнæниздзинад æмæ æнæмаст цард. Варастат Григорянц 56 азы тренерæй фæкуыста республикон совет «Динамо»-йы. Схъомыл кодта зындгонд æмæ æнтыстджын дзюдоистты æмæ самбистты цалдæр фæлтæры. Рæхджы та Динамойы стадионы арæзт æрцæудзæн Варастат Григорянцы кадæн турнир самбойæ.

темæмæ гæсгæ