23 июля 2014, 17:43
Цæгат Ирыстоны сарæх сты джыбыты хæцтытæ
Ацы аз дохтырты æххуыс бахъуыди 3 сæдæ адæймаджы. Энцефалитон джыбытæ республикæйы нæй, зæгъынц дохтыртæ, фæлæ хуымæтæг тугцъиртæ дæр къаддæр тæссаг не сты. Хæссынц бирæ хæцгæ низтæ. Дохтырты амындмæ гæсгæ, кæрдæг æмæ бæлæстæ бирæ кæм ис, ахæм рæттæм цæугæйæ хъæуы æхгæд къахыдарæс æмæ даргъдысджын дзаума кæнын
Цæгат Ирыстоны сарæх сты джыбыты хæцтытæ. Ацы аз дохтырты æххуыс бахъуыди 3 сæдæ адæймаджы. Энцефалитон джыбытæ республикæйы нæй, зæгъынц дохтыртæ, фæлæ хуымæтæг тугцъиртæ дæр къаддæр тæссаг не сты. Хæссынц бирæ хæцгæ низтæ. Дохтырты амындмæ гæсгæ, кæрдæг æмæ бæлæстæ бирæ кæм ис, ахæм рæттæм цæугæйæ хъæуы æхгæд къахыдарæс æмæ даргъдысджын дзаума кæнын. Сæр дæр хъуамæ уа æхгæд. Джыбы буарыл куы ныххæца, уæд æй адæймагæн йæхицæн æппарæн нæй. Дохтыртæ йæ сисынц сæхæдæг, æмæ йæ арвитынц республикæйы эпидемиологон центрмæ. Уым дзы сисынц анализ, æмæ бæрæг вæййы, джыбымæ тæссаг вирус ис, æви нæй, уый. Ацы хъуыддагæй фылдæр тæссаг вæййы сæрды мæйты. Ацы аз дзы хъыгдард чи баййæфта, уыдонæн сæ фылдæр сты сывæллæттæ. Фæлхасгæнджыты бартæм цæстарæг æмæ ветеринарон службæтæ бæрæг кæнынц хæдзарон фос. Бирæ фос кæм ис, уым джыбытæ арæх фенæн вæййы. Специалисттæ фылдæр æргом здахынц сæрдыгон дзæбæхгæнæндæттæм. Вирусæй хи бахъахъхъæнæн ис профилактикæйы фæрцы дæр. Бæлвырддæр та, кæнæ вирусы ныхмæ хостæ, кæнæ иммуноглобулин. Фæлæ æнæмæнгæй дохтырты зонгæйæ.
![Соц Сети Соц Сети](https://alaniatv.ru/wp-content/uploads/2019/01/Alania_TG_1140x151.gif)
темæмæ гæсгæ