17 апреля 2018, 18:05
Цæгат Ирыстоны сараздзысты «Агролидзинджы» организаци
Архайдзæн хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ техникæйæ ифтонг кæныны фарстайыл.
Цæгат Ирыстоны сараздзысты «Агролидзинджы» организаци. Архайдзæн хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ техникæйæ ифтонг кæныны фарстайыл.
Ахæм уынаффæ абон хаст æрцыд хицауады æмбырды. Æмгуыстады бадзырд фыст æрцæудзæн хæстæгдæр бонты. Уый фадат ратдзæн Цæгат Ирыстоны къазна 1 млрд 200 милуан сомæй фæфылдæр кæнынæн. Уыдонæй 500 милуан сомæй фылдæр схардз кæндзысты техникæ æмæ кусæнгæрзтæн, фосы мыггагæн та 700 милуаны. Федералон программæ «Горæты æнцонвадат архайд» æххæстгæнгæйæ, та фæаивдæр кæндзысты цæрæнуæтты кæртытæ æмæ фæлладуадзæн бынæттæ. Уый тыххæй фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзрады министр Сохъуырты Альберт. Куыд радзырдта, афтæмæй программæмæ гæсгæ республикæ райсдзæн 150 милуан сомы. Уыцы фæрæзтæм бынæттон хицауад бафтаудзæн 10 милуан сомæй фылдæр.
темæмæ гæсгæ




