филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:47 вторник, 16 декабря 2025
26 октября 2012, 09:38
Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, ахæм тæхæджы ном

Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, ахæм тæхæджы ном. Хæтæлдоны, хъæуы кæрон агурæн къорд «Мемориал-Авиа» – йы уæнгтæ ссардтой Андрей Селезневы хæдтæхæджы хæйттæ

Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, ахæм
тæхæджы ном. Хæтæлдоны, хъæуы кæрон агурæн къорд «Мемориал-Авиа» – йы
уæнгтæ ссардтой Андрей

Селезневы хæдтæхæджы хæйттæ, уый фæстæ йын райдыдтой йæхи агурын.
Бахъуыд сæ 5 азы. Фæлæ ууыл сæ архайд нæ фæцис.

Ахæм чысыл æрмæджытæм гæсгæ агурæн къорд «Мемориал-Авиа»-йы разамонæг
Сергей Порошин æмæ йе мкусджытæ аразынц истори. 1999-æм азы сын
Хæтæлдоны бынæттон цæрæг Джелыты Алан фехъусын кодта, хъæды, хъæуы
кæрон, кæй ис хæдтæхæджы хæйттæ. Агурджытæ сбæрæг кодтой уыдон кæй сты
хæдтæхæг ИЛ-2-йæ. Немыцаг фашисттæ йæ æрæппæрстой 1942-æм азы 6 ноябры.
2004-æм азы ссардтой тæхæджы буары хæйттæ. Афæдзы фæстæ сæ баныгæдтой
Хæтæлдоны, хæсты быдырæй чи нал сыздæхт, уыцы æфсæддонтæн цыртдзæвæны
цур.

2005-æм азы ам ныгæд æрцыд æбæрæг Советон салдат. Тæхæг чи уыд, уый
сбæлвырд кæнын бантыст æрмæст 7 азы фæстæ. Ныр Андрей Селезневы ном
æнустæм баззайдзæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты историйы.

Афтæ фæзæгъынц, хæст нæ фæцис, цалынмæ фæстаг салдат ныгæд æрцæуа,
уæдмæ. «Мемориал-Авиа»-йы агурджытæ республикæйы ссардтой 10 хæдтæхæгæй
фылдæр. Фæлæ арæх, чи фæмард уыцы салдæтты нæмттæ куы сбæрæг вæййынц,
уæддæр сын сæ хæстæджыты ссарын нæ бантысы. Ныры онг нæ бантыст хистæр
сержант Андрей Селезневы бинонты дæр ссарын.

Сергей Порошин, агурæн къорд «Мемориал-Авиа»-йы разамонæг: «Уæд йæ
цардæмбал, Ольга Селезнева, царди Ростовы областы, станица Кагалицкæйы.
Уырдæм арвыстам курдиат, цæмæй йæ ссарæм, чи зоны йын уыд сывæллæттæ
дæр. Сыхæгты руаджы базыдтам, йæ цардæмбал йæ цæрæнбынат Новочеркасскмæ
кæй раивта, уый. Фæлæ йын ныр цавæр мыггаг ис, кæцы ран ис, уый бæлвырд
нæу. Фæнды нæ, цæмæй йæ хæстæджытæ зоной, æбæрæгæй кæй нæ фесæфт, ам
ныгæд у».

Кæд зын у, уæддæр агурджытæ сæ архайд нæ бауыромдзысты. Сергей Порошинæн
ацы хъуыддаг уæлдай ахсджиаг у. Йæ фыдыфыд æбæрæгæй фесæфт Фыдыбæстæйы
Стыр хæсты рæстæг. Æмæ абон алцы дæр радтид йæ кадджын хистæр кæм ис,
уый базоныны тыххæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania