филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:54 понедельник, 07 июля 2025
11 июня 2014, 11:28
Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой Хъамбердиаты Мысосты райгуырæн бон

Зындгонд поэт райгуырд сæдæ фондз азы размæ Кæрдзыны. Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, дæс азы йыл куы сæххæст, уæд. Йæ цардæй та ахицæн хæрзæрыгонæй. Цыди йыл æрмæстдæр дыууын дыууæ азы.

Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой Хъамбердиаты Мысосты райгуырæн бон
Зындгонд поэт райгуырд сæдæ фондз азы размæ Кæрдзыны. Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, дæс азы йыл куы сæххæст, уæд. Йæ цардæй та ахицæн хæрзæрыгонæй. Цыди йыл æрмæстдæр дыууын дыууæ азы. Фæлæ ахæм цыбыр æмгъуыдмæ дæр ныууагъта рæсугъд фæд. Йе мдзæвгæтæ йын уарзынц æмæ ахуыр кæнынц ныр дæр.

Хуымæтæг Кæрдзинаг лæппу, фæлæ йæ алы рæнхъы дæр арф хъуыды, арф мидис, зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ. Куыд цыбыр рауад йæ цардвæндаг, фæлæ йæ бон куыд бирæ зæгъын баци… Хъамбердиаты Мысост йæ цардæй куы ахицæн, уæд ыл 22 азы йеддæмæ нæ цыд. Йе мдугонтæ йæ хуыдтой дыккаг Хетæгкаты Къоста.

Мысост райгуырд Кæрдзыны 1909 азы. Скъола дæр ам каст фæци. Фæстæдæр курдиатджын лæппу ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы, Æрыдоны, Мæздæджы. Мæскуыйы аивæдты факультеты литературон хайад каст фæци æмгъуыдæй раздæр. Афтæ кæсы, цыма тагъд кодта цæрынмæ, рæсугъд фæд ныууадзынмæ, тагъд кодта йæ адæмæн исты хæрзты бацæуынмæ.

Цы хæдзары райгуырд æмæ схъомыл, уый ныр æгомыгæй лæууы. Фæлæ афæдз иу хатт, Мысосты гуырæн боны, байдзаг вæййы адæмæй. Арæзт дзы æрцæуы æцæг бæрæгбон.

Ацы хатт се ппæт дæр бæрæг кодтой Мысосты райгуырды 105 азы бон. Чидæр хæдзар аив кæны, чидæр йæхи сценæмæ рацæуынмæ цæттæ кæны, чи та зæрдиагæй цæттæ кæсы Мысосты æмдзæвгæтæ.

Цæгат Ирыстоны адæмон поэт Дзасохты Музафер дæр æй нæ сусæг кæны, Хъамбердиаты Мысосты сфæлдыстад гыццылæй кæй бауарзта, уый. Уыйбæрц цардбæллондзинад, уыйбæрц æнувыддзинад уыд йе мдзæвгæты, æмæ сæ адæймаг кæсынæй не фсæст. Фысгæ та кодта мадæлон æвзагыл дæр, уырыссагау дæр.

Хъамбердиаты Мысосты номыл поэтикон бæрæгбон апарахат æгас хъæуыл. Музыкæйы зæлтæ, адæмон кæфтытæ, прозæ кæсджытæ – Мысост цы уарзта, уыдон. Цин сыл кодтой æрбацæуджытæ дæр.

Хъыг кодтой æрмæстдæр иу хъуыддагыл. Æмæ адæмы номæй Дзасохты Музафер фæсидт районы администрацимæ, цæмæй Кæрдзыны байгом кæной Мысосты номыл музей. Дзуапп дæр райстой æвæстиатæй. Районы администрацийы разамынд фидæрæй зæрдæ æвæры, поэты радон гуырæнбонмæ, йæ хæдзары иу уатæй кæй скæндзысты Хъамбердиаты Мысосты музей.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania