10 мая 2018, 12:00
Цæгат Ирыстоны Сбæрæг кодтой Уæлахизы Стыр бæрæгбон
Традицимæ гæсгæ кадджын парады ацыдысты гæрзифтонг тыхты æппæт дæлхайæдты 1 мин æфсæддонæй фылдæр, æмæ техникæйы 40 иуæджы.
Цæгат Ирыстоны Сбæрæг кодтой Уæлахизы Стыр бæрæгбон. Традицимæ гæсгæ кадджын парады ацыдысты гæрзифтонг тыхты æппæт дæлхайæдты 1 мин æфсæддонæй фылдæр, æмæ техникæйы 40 иуæджы.
Æфсæддон ветеранты æмрæнхъ парады ацыдысты 12 хæстоны, сæ сæргъы Ленинграды æмæ Ныгулæн фронтты архайæг Пагæты Алыксандр. Хæствæллад салдæттæн æмæ республикæйы цæрджытæн раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Фæстæдæр æнæмæлгæ полчы æгомыг къамтæ ногæй радзырдтой, цыфыддæр знаджы ныхмæ куыд хъæбатырæй лæууыдысты сырхæфсæддонтæ, уый тыххæй. Семæ не мзæххонтæ дæр, хуымæтæг салдатæй иналары онг. 90 минмæ хæстæг фæцыдысты цыфыддæр занджы ныхмæ, уыдонæй сæ фылдæр æнусмæ баззаджысты тохы быдыры. Цæгат Ирыстон хъæбатрыты номхыгъдмæ гæсгæ ахсы фыццаг бынат. 79 хъæбатырæй 12 сты намысы Ордены æххæст кавалертæ. Сæ къамтæ цыдысты æнæмæлгæ полчъы раззагдæр рæнхъыты. Æдæппæтæй 15 мин адæймаджы ацыдысты цытджын рæнхъыты. Хицæн мыггæгтæ сарæзтой къордтæ. Уыд дзы 30 æмæ фылдæр хæстонты къамтæ. Бердыты Таймураз æртыккаг хатт архайы ацы акцийы. Йы фыд архайдта Сталинград æмæ Берлин райсыны тохты. Хæсты рæстæг йæ боныджы цы мысинæгтæ фыста, уыдон абон дæр йæ бинонтæ хъахъхъæнынц цæстыгагуыйау.
темæмæ гæсгæ




