18 февраля 2014, 11:13
Цæгат Ирыстоны тæрхондæтты уынаффæттæ æххæстгæнæг управленийы службæгæнджытæ сарæзтой экскурси сидзæр сывæллæтты хæдзар «Виктория»-йы хъомылгæнинæгтæн
«Булат»-ы æфсæддонтæ сын равдыстой хæцæнгæрзты хуызтæ, архайдтой алыхуызон ерысты. Сывæллæттæн бар радтой БТРтæм схизынæн. Уый цымыдисаг фæкаст куыд лæппутæм, афтæ
«Булат»-ы æфсæддонтæ сын равдыстой хæцæнгæрзты хуызтæ, архайдтой алыхуызон ерысты. Сывæллæттæн бар радтой БТРтæм схизынæн. Уый цымыдисаг фæкаст куыд лæппутæм, афтæ чызджытæм дæр. Фæстæдæр кæстæртæ сæхи фæлвæрдтой электрон тиры мысан æхсынæй.
Ацы службæйы управлени рагæй ауды сидзæр сывæллæтты хæдзар «Виктория»-йы хъомылгæнинæгтыл. Уымæ гæсгæ ахæм экскурситæ аразы арæх. Уый у тынг ахсджиаг кæстæр фæлтæры патриотон хъомыладæн, зæгъынц ведомствойы кусджытæ.
темæмæ гæсгæ




