филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:35 воскресенье, 29 сентября 2024
16 января 2013, 17:15
Цæгат Ирыстоны тарнизæй рынчын адæм райсдзысты паддзахадон æххуыс

Сæ цæрæнуæттæ фæуæрæхдæр кæнынæн сын радих кæндзысты æхца. Уыцы хъуыддаг конд у, цæмæй рынчынтæ сæ бинонтæй чысыл æддæдæр уой, æмæ сын сæ низæй тæссаг ма уа.

Сæ цæрæнуæттæ фæуæрæхдæр кæнынæн сын радих кæндзысты æхца. Уыцы хъуыддаг конд у, цæмæй рынчынтæ сæ бинонтæй чысыл æддæдæр уой, æмæ сын сæ низæй тæссаг ма уа. Æххуысхъуаг адæмы хыгъды ис 19 адæймаджы. Уыдонæй 16-æй райсдзысты фæйнæ 866 мин сомы. Бахардзгæнæн сæ уыдзæн æрмæст цæрæнуæттæ фæхуыздæр кæнынæн. Æртæ рынчыны паддзахадон æххуыс нæ бахъуыд æмæ хæдзар райсыны тыххæй рады лæууынц бынæттон хиуынаффæйадон администрациты. Цæгат Ирыстон у, Уæрæсейы уыцы закъон чи райста, ахæм 3-аг регион.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania