филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:18 понедельник, 08 июля 2024
29 августа 2014, 17:18
Цæгат Ирыстоны телеуынынады мачтæ ногæй фæкъул

Фæлæ специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй тæссаг нæу. Тыхджын дымгæйы аххосæй йæ фарсы рея цалдæр метры бынмæ æрцыд æмæ йæ уæзæй тросс æрзæбул.

73976
Фæлæ специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй тæссаг нæу. Тыхджын дымгæйы аххосæй йæ фарсы рея цалдæр метры бынмæ æрцыд æмæ йæ уæзæй тросс æрзæбул.
Æфсæйнаг фидаргæнæнтæ слæмæгъ сты, цалдæр боны тынг тæвд бонтæ кæй уыд, уый аххосæй дæр. Бастдзинады специалисттæ телеуынынады æмæ радиойы кусджытæн, стæй сыхаг уынгты цæрджытæн зæрдæ æвæрынц, мачта фидар кæй лæууы, уымæй. Ног къуыри, куыддæр республикæмæ ссæуой, æрæджы дзы цы специалисттæ куыстой, уыдон, афтæ райдайдзысты сæрмагонд куыстытæ. Абон та вице-премьер Леонид Кесельбренер сарæзта оперативон æмбырд. Архайдтой дзы Уæресейы системæйы радиотелеуынынады, Цæгат Ирыстоны телеуынынады комитеты, æнæхъæлæджы цауты министрады, стæй информацион технологиты æмæ дзыллон коммуникациты комитеты разамынд. Республикæйы телерадио сигнал дæттæн центры кусджытæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ног тросстæ хъуамæ сентябры ногæй æлхъывд æрцыдаиккой, фæлæ боны ахаст ацы цау фæтагъддæр кодта. Ныртæккæ æппæт каналтæ кусынц æрвылбоны фæткмæ гæсгæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийы хицау Александр Хоружий ма иу хатт зæрдæ бавæрдта, цы уавæр сæвзæрд, уый адæмы цардæн тæссаг кæй нæу.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania