1904 азы 6 июны горæты уынгтыл ацыд фыццаг трамвай æмæ уæдæй нырмæ кусы æнæкъуылымпыйæ. Уæрæсейы трамвай æппæты фыццаг кæм фæзынд, уыцы бынæттæй иу у Дзæуджыхъæу
1904 азы 6 июны горæты уынгтыл ацыд фыццаг трамвай æмæ уæдæй нырмæ кусы æнæкъуылымпыйæ. Уæрæсейы трамвай æппæты фыццаг кæм фæзынд, уыцы бынæттæй иу у Дзæуджыхъæу
Æрвылбон адæмы фæласынц 26 вагоны. Абон горæты уынгты цæудзæн бæрæгбоны вагон æмæ дзы бæлццæттæн сæ бон фехъусын уыдзæн дзæуджыхъæуккаг трамвайы историйы тыххæй хабæрттæ. Уымæй уæлдай ма адæмæн сæ бон балхæнын уыдзæн трамвайы цæуыны юбилеон талон дæр.
Бæрæгбоны кадæн абон Дзæуджыхъæуы администрацийы уыдзæн кадджын æмбырд. Куыстуаты 69 хуыздæр кусæгæн ратдзысты кады гæххæттытæ æмæ арфæйы фыстæджытæ. Уыдонæй дыууæйæн саккаг кæндзысты юбилеон майдантæ æмæ суыдзысты фæллойы ветерантæ. 22 адæймагæн та сæ хæрзиуджытæ радтой депойы.
Куыстуатæн ис хъæздыг истори. Æнгом баст у горæты историимæ. Историон гæххæттытæм гæсгæ Дзæуджыхъæуы фыццаг трамвай горæтмæ цыд Пашковскийы нарæг хидыл, уæд хуынд Ольгинский. Йæ рæстæджы йæ сарæзтой бельгиаг специалисттæ.
Ивта бæстæйы истори, ивта цард, фæлæ горæты цæрджытæн трамвайтæ кæддæриддæр уыдысты æппæтæй уарзондæр транспорты хуыз. Ныр дæр кæд горæт рæзы æмæ цавæрдæр зындзинæдтæ æмæ къуылымпыдзинæдтæ æййафыы, уыддæр Дзантиаты Сергейы хъуыдымæ гæсгæ трамвайтæ хъæуы бахъахъхъæнын. «Æнæ уыдонæй Дзæуджыхъæу нæ фидауы» – фæзæгъы Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг.
Куыстуаты разамонæг Дедегкаты Олег дæр архайы депо бахъахъхъæныныл, цæмæй йæ куыст ма бамынæг уа. Бакусинаг фарстатæ та бирæ: рельсы æвзæр уавæр, вагæттæн сæ фылдæр зæронд, кусджытæн сæ мызд у гыццыл æмæ уый дæр арæх афоныл нæ исынц…
Фæлæ горæты разамындимæ архайынц уавæр хуыздæрырдæм аивыныл.




