10 июня 2014, 11:28
Цæгат Ирыстоны цæрджытæ гуманитарон æххуыс кæнынц, Украинæйæ Ростовмæ чи ралыгъд, уыцы адæмæн
Акци арæзт æрцыд хъæппæрисджын æрыгон лæппуты хъуыдымæ гæсгæ. Дзаумæттæ, хъазæнтæ, хостæ æмæ `ндæр фæрæзтæ `рбахæссын ис гуманитарон æххуысы пунктмæ. Байгом æй кодтой

Акци арæзт æрцыд хъæппæрисджын æрыгон лæппуты хъуыдымæ гæсгæ. Дзаумæттæ, хъазæнтæ, хостæ æмæ `ндæр фæрæзтæ `рбахæссын ис гуманитарон æххуысы пунктмæ. Байгом æй кодтой Карл Марксы уынджы 44-æм хæдзары кæрты. Фæсивæд куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы адæм цы уавæры бахаудысты, уымæ сæ бон куыдфæндыйы цæстæй кæсын нæ уыд. Пункт кусдзæн цалдæр боны. Цы гуманитарон æххуыс æрæмбырд кæной, уый æрвыст æрцæудзæн Ростовмæ.
Хъыргъаты Аркадий: «Ацы пункт байгом 2 боны размæ. Ме `мбæлттимæ сфæнд кодтам. Кусдзæн ма иу 4 боны. Æмбырд кæндзыстæм дзаумæттæ, хостæ, цæмæй фæкæсæм нæ адæммæ, ахæм уавæры чи бахауд. Ростовы сты ныр. Нæ пункт гом у Калр Марксы уынджы 44-æм хæдзары. Фæсивæд зын уавæры бахаудысты, æмæ курын: «Фæкæсут, кæд уæ бон истæмæй у».

темæмæ гæсгæ