13 октября 2014, 10:50
Цæгат Ирыстоны цæстыты низтæ дзæбæхгæнæн клиникæйы дохтыртæ архайынц офтальмологты наукон-практикон конференцийы
Арæзт у Астраханы медицинон кусджыты хъæппæрисæй. Форумы архайы 300 адæймагæй фылдæр. Уыдон сты Хуссар Федералон зылды дохтыртæ, се хсæн Дзæуджыхъæуы цæстыты низтæ дзæбæхгæнæн клиникæ дæр, стæй Хъаспимæ хæстæг паддзæхæдты специалисттæ – Азербайджан æмæ Казахстанæй, стæй фæсарæйнаг бæстæтæй – Итали æмæ Германийæ.
Цæгат Ирыстоны цæстыты низтæ дзæбæхгæнæн клиникæйы дохтыртæ архайынц офтальмологты наукон-практикон конференцийы. Арæзт у Астраханы медицинон кусджыты хъæппæрисæй. Форумы архайы 300 адæймагæй фылдæр. Уыдон сты Хуссар Федералон зылды дохтыртæ, се хсæн Дзæуджыхъæуы цæстыты низтæ дзæбæхгæнæн клиникæ дæр, стæй Хъаспимæ хæстæг паддзæхæдты специалисттæ – Азербайджан æмæ Казахстанæй, стæй фæсарæйнаг бæстæтæй – Итали æмæ Германийæ. Сæ ныхасы сæр у инновацион технологитæ регионы офтальмологты куысты куыд ахадгæ сты, уый. Конференци цымыдисаг уымæй у, æмæ арæзт цæуы интернеты фæрцы. Ноджы йæ архайджытæ уыцы иу рæстæг кастысты, уæззау операци куыд цæуы, уымæ. Видеоыбастдзинад фидаргонд уыд Новосибирск, Екатеринбург, Краснодар æмæ Хъазаны хсæн. Ахæм конференцийы рæстæг дохтыртæ зонгæ кæнынц дæсныдæр офтальмологты фæлтæрддзинадимæ, стæй нырыккон медицинон кусæнгæрзтимæ.
Туаты Джульеттæ, Цæгат Ирыстоны офтальмологон клиникæйы 2-æм хайады сæргълæууæг: «Нæ директор Ирина Сергеевна алы уавæртæ дæр бацæттæ кæны, цæмæй ма ахæм конференцимæ дæр бакæсæм. Тынг хорз докладтæ дзы ис. Ног апаратурæимæ дæр базонгæ стæм. Ныр та йæ федтам куыд кусы афтæмæй».
темæмæ гæсгæ




