15 февраля 2013, 14:25
Цæгат Ирыстоны цæуы 10-æм республикон конкурс, уæлæмхасæн ахуырады педагогты ‘хсæн «Зæрдæ лæвар кæнын сывæллæттæн»
Архайы дзы 20 хъомылгæнæджы. Сæ дæсныйад æвдисынц 6 номинацимæ гæсгæ – наукон-техникон, социалон-педагогон, экологон-биологон, аивадон, туристон-бæстæзонадон, физкультурон-спортивон, стæй æрмдæсныйады.
Архайы дзы 20 хъомылгæнæджы. Сæ дæсныйад æвдисынц 6 номинацимæ гæсгæ – наукон-техникон, социалон-педагогон, экологон-биологон, аивадон, туристон-бæстæзонадон, физкультурон-спортивон, стæй æрмдæсныйады. Конкурс арæзт æрцыд ахуырады æмæ наукæйы минстрады хъæппæрисæй. Йæ сæйраг нысан та у – уæлæмхасæн ахуырады ахадындзинад бæрзонддæр кæнын. Уæлахздзаутæ архайдзысты конкурсы федералон къæпхæны.
Мамыкъаты Зæлинæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы ахуырады управленийы методист: «сывæллæтты галуаны цæуы 10 республикон конкурс, уæлæмхасæн ахуырады хъомылгæнджыты хсæн «Сердце отдаю детям». Кæй зæгъын æй хъæуы, хъомылгæнджытæ тынг зæрдиагæй арахайынц, æмæ æцæгдæр сæ зæрдæтæ лæвар кæнынц рæзгæ фæлтæрæн. Педагогтæ, ацы конкурсы архайгæйæ равдисынц сæ зонындзинæдтæ, сæ профессионалон уагæвæрд фæуæлдæр вæййы, сæхицæн бирæ ногдзинæдтæ райсынц, сæхæдæг цы зонынц, уый равдисынц, æмæ уый тынг ахсджиаг хъуыддаг у».
темæмæ гæсгæ




