27 ноября 2013, 16:54
Цæгат Ирыстоны цæуынц антитеррористон ахуыртæ
Оперативон штаб архайы барадхъахъхъæнæг æмæ тыхы структурæты æмархайд фæхуыздæр кæныныл, диверсион-террористон акттæ не руадзыны тыххæй.
Цæгат Ирыстоны цæуынц антитеррористон ахуыртæ. Оперативон штаб архайы барадхъахъхъæнæг æмæ тыхы структурæты æмархайд фæхуыздæр кæныныл, диверсион-террористон акттæ не руадзыны тыххæй.
Оперативон кусджытæ сарæзтой тренировкæ, бирæ адæм кæм æмбырд кæнынц, ахæм бынæтты теракты фæстиуджытæ иуварс кæнынæй. Абон ахуыртæ цæуынц Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы районы. Уымæ гæсгæ изæры æхсæз сахаты онг транспортæн цæуæн нæй Ирыстойнаг, Чапаевы æмæ Тельмæны уынгты. Æдасдзинады Федералон Службæйы Управленийы кусджытæ сидынц горæты цæрджытæм, цæмæй рæстæгмæйы зындинæдтæн бабыхсой.

темæмæ гæсгæ