филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:50 суббота, 21 сентября 2024
12 ноября 2012, 18:10
Цæгат Ирыстоны цæуынц республикон ерыстæ футболуарзджыты командæты хсæн

Æдæппæтæй дзы архайы 35 командæйы алы районтæй. Ацы дивизионæн бындур æвæрд æрцыд 7 мæйы размæ, уæд йæ хыгъды уыд 16 командæйы, фæлæ футбоуарзджыты нымæц дзæвгар фылдæр кæй у, уымæ гæсгæ ма арæзт æрцыд иу лигæ.

Æдæппæтæй дзы архайы 35 командæйы алы
районтæй. Ацы дивизионæн бындур æвæрд æрцыд 7 мæйы размæ, уæд йæ хыгъды
уыд 16 командæйы,

фæлæ футбоуарзджыты нымæц дзæвгар фылдæр кæй у, уымæ гæсгæ ма арæзт
æрцыд иу лигæ. Республикæйы футболуарзджыты командæты фембæлдтытæн сæ
фылдæр ахицæн, тур фæуыдзæн æртыццæджы. Ныр та сæм фæнд ис, цæмæй сыхаг
республикæты дæр арæзт æрцæуой футболуарзджыты командæты лигæтæ æмæ
ахъазой иумæйаг турнирты.

Икъаты Алан, футболуарзджыты командæты
лигæйы разамонæг: «Фыццаг сезонæн хатдзæгтæ куы скодтам, уæд нæ лæппутæй
13 хъазынмæ райстой Уæрæсейы алы клубтæм. Æмæ мæм афтæ кæсы, уый æвзæр
бæрæггæнæн нæу. Сæхæдæг дæр сæхиуыл кусынц, иннæтæ дæр сыл сæ цæст
æрæвæрдтой. Уый та сæ разæнгард кæндзæн хуыздæр хъазынмæ. Ныртæккæ та нæ
командæтæм куы æркæсæм, уæд бирæ стæм. 1000 адæймагæй дæр фылдæр. Уый
хорз у. Спортæй куы архайой, сæхæдæг сæхи хуыздæр куы кæной, уæд, чи
зоны, æмæ сæ фидæн куыд уыдзæн, уый. Фæлæ сæ хъыгдаргæ кæй нæ бакæндзæн,
уый мæ бон фидарæй зæгъын у. Фæлтау ардæм цæуæнт. Иумæ хъаздзысты
футболæй, иумæ ныхас кæндзысты».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania