филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:21 вторник, 16 декабря 2025
28 февраля 2014, 14:19
Цæгат Ирыстоны уæлдæр тæрхондоны уыд республикæйы федералон æмæ фидауæг тæрхонгæнджыты æмбырд

Æрдзырдтой 2013-æм азы куысты хатдзæгтыл. Æмбырды архайдтой республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз æмæ Уæрæсейы Федерацийы Советы уæнг Хацъæты Олег.

Цæгат Ирыстоны уæлдæр тæрхондоны уыд республикæйы федералон æмæ фидауæг тæрхонгæнджыты æмбырд
Æрдзырдтой 2013-æм азы куысты хатдзæгтыл. Æмбырды архайдтой республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз æмæ Уæрæсейы Федерацийы Советы уæнг Хацъæты Олег. Афæдзы куысты бæрæггæннæты тыххæй йæ доклады уæлдæр тæрхондоны сæрдар Мæхæмæтты Бег куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй цы хъуыддæгтæм æркастысты, уыдон 2012-æм азимæ абаргæйæ уыдысты 23% фылдæр. Мамсыраты Таймураз та загъта; «Бæрæггæннæтæ дзурынц ууыл, æмæ ацы къабазы куыст фæхæстæгдæр цæрджытæм æмæ йыл фылдæр адæм æууæндын райдыдтой». Ноджы ма радзырдта барадон оргæнты фылдæр æмгуыст кæй хъæуы дзыллон информацион фæрæзтимæ, цæмæй цæрджытæ мæнг дам-думты бæсты исой раст информаци.

Тæрхонгæджыты æмбырды раныхас кодта Федералон Советы уæнг Хацъæты Олег. Уый растыл банымадта, уæлдæр æмæ арбитражон тæрхондæттæ кæй баиу сты, уыцы фæтк.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania