Боныхъæд тынг фæивта æмæ температурæ æрхаудта 16 градусы онг. Ахæм боныхъæд ахæсдзæн къуырийы бæрц, зæгъынц синоптиктæ. Тынг уазæлттæ ма нæ республикæйы бæрæг кодтой
Кокойты Аннæ: «Тынг æвзæр нын у ахæм уазал бонты. Азмæлæн дæр нæй. Цæстытæм кæлы мит, тынг уазал нын у, раст зæгъгæйæ. Гыццыл куы фæхъармдæр уаид, уæд хорз уаид».
Хæмыцаты Игорь: «Иуæй хорз у, фæлæ адæмæн тынг уазал у, фæндæгтæ сты бырынцъаг, адæм нæ быхсынц ахæм бонтæн æмæ нæ зонын, райсом куыд уыдзæн, уый, фæлæ фæразын хъæуы».
Урс æмæ рæсугъд мит, термометрыл та 16 градусы уазал. Ахæм боныхъæд се ппæт адæммæ хорз нæ кæсы. Республикæйы цæрджытæ цæттæ нæ уыдысты хъызт уазæлттæм. Синоптиктæ æмбарын кæнынц, уазæлтты сæйраг аххосаг у, Уæрæсейы территоримæ арктикон антициклон кæй æрбахæццæ, уый. Зæгъын хъæуы уый, æмæ æппæтæй уазалдæр у республикæйы цæгатаг хайы – Мæздæджы районы.
Галина Пикалюк, Цæгат Ирыстоны Гидрометцентры сæйраг синоптик: «Ныртæккæ уæлдæфы температурæ æрхаудта 14-16 градусы онг уазалмæ. Хæстæгдæр рæстæг ма ноджыдæр фæуазал уыдзæн. Антициклон ахæсдзæн 5-7 боны. Æхсæвыгон уыдзæн 15-19 градусы онг, боныгон та 5-10 градусы онг уазал».
Афтæ зæгъæн нæй, æмæ Цæгат Ирыстоны ахæм боныхъæд никуы уыд. Ахæм уазæлттæ ма синоптиктæ бæрæг кодтой дыууæ азы размæ, февралы райдиан. Температурæ уыд 20-26 градусы уазал. Ныр суткæйы рæстæгмæйы температурæ ивдзæн 8-æй 14 градусы онг.
Кæд 30 азы размæ, республикæйы цæрджытæ ахæм боныхъæдыл ахуыр уыдысты, уæд ныр та ацы бонтæ нымад сты хъызт уазæлттыл. Синоптикты хъусынгæнинæгтæй дæр зæрдæ нæ райы. Уазæлттæ фæсæтдзысты къуырийы фæстæ, фæлæ уæддæр бынтон хъарм нæ уыдзæн».
Ахæм боныхъæд æппæтæй тынгдæр тыхсын кæны, сæкæрниз кæмæ ис, зæрдæйы æмæ дадзинты, стæй астæуыстæджы низтæ кæй тыхсын кæнынц, уыцы адæмы. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй ма ныртæккæ фæфылдæр сты, сæ къæхты æмæ къухты æнгуылдзтæ, фындз æмæ хъустæ кæмæн ныссалдысты, уыцы адæмы нымæц дæр.
Мырзахъулты Эдуард, Дзæуджыхъæуы 4-æм поликлиникæйы хирургон хайады хицау: «Ахæм уавæры, адæймаджы хъæуы хъарм агъуысты æрхуыссын кæнын, байсæрдын æй спъирттæй. Уыимæ ма йын хъæуы раттын тæвд цай».
Уазал боныхъæд фæзынд æнæнхъæлæджы цауты министрады архайдыл дæр. Куыстуаты специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй гæнæг ис, æмæ фæфылдæр уыдзæн зынгсирвæзтыты нымæц дæр, уымæн æмæ адæм пайды кæнынц хъармгæнæн прибортæй.
Сергей Петелин, Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министрады цæгатирыстойнаг управленийы хайады хицауы хæдивæг: «Хъуамæ хъармгæнæн прибортæ уой æхгæд. Хъæуы бæрæг кæнын электрон тыхы телтæ дæр. Уыимæ ма цæст дарын хъæуы, цæмæй хъарм æмæ рухсгæнæн прибортæ хæдзары адæм куы нæ уа, уæд ма кусой».
Уæдæ коммуналон службæтæ дæр сты цæттæ æнæнхъæлæджы уавæртæм. Нырма уал Дзæуджыхъæуы хъармгæнæнтæ кусынц куыд æмбæлы, афтæ. Фæлæ бахъуаджы сахат хъармгæнæн хæтæлты æмæ иугонд диспетчерон службæйы кусджытæ сты цæттæ.




