09 июля 2014, 11:06
Цæгат Кавказмæ электрон тыхдæттæг компанийы цæгатирыстойнаг филиалы специалисттæ кæнынц рейдтæ
Сæ сæйраг нысан у – электрон телтæ цы доны объектты цур цæуынц, уыдоны уавæр сбæлвырд кæнын. Фыццаджыдæр архайынц, цæмæй адæм электрон тыхæй хъыгдард ма баййафой, ууыл.
Сæ сæйраг нысан у – электрон телтæ цы доны объектты цур цæуынц, уыдоны уавæр сбæлвырд кæнын. Фыццаджыдæр архайынц, цæмæй адæм электрон тыхæй хъыгдард ма баййафой, ууыл. Ахæм объекттæ республикæйы ис 70. Æдасдзинады техникæйы домæнтæм гæсгæ, хъуамæ ахæм бынæтты цур уа информацион нысантæ – ома электрон тыхдæттæг телтæм 25 метрæй хæстæгдæр цæуæн нæй. Цы доны объектты сæрмæ цæуынц, уыдоны нæй кæсаг ахсæн дæр. Электрон телты бын нæй бæлæгътыл цæуæн. Уыцы объекттæм æввахс нæй æртытæ кæнын дæр. Цæгат Кавказмæ электрон тыхдæттæг компанийы специалисттæ бæрæг кодтой, уыцы домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Ахæм рейдтæ фæкæнынц æдзухдæр.
темæмæ гæсгæ




