филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:42 суббота, 18 мая 2024
05 ноября 2013, 17:23
Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты социалон кусджытæн ацы бонты Дзæуджыхъæуы цæуы информацион-методикон семинар

Аразы йæ Уæрæсейы фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министрад, стæй Мæскуыйы социалон хъахъхъæнынады кусджыты дæсныйад бæрзонддæр кæныны институт.

Цæгат Ирыстоны разамынды номæй мадзалы архайджытæн раарфæ кодта Хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей.

Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты социалон кусджытæн ацы бонты Дзæуджыхъæуы цæуы информацион-методикон семинар

Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты социалон кусджытæн ацы бонты Дзæуджыхъæуы цæуы информацион-методикон семинар. Аразы йæ Уæрæсейы фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министрад, стæй Мæскуыйы социалон хъахъхъæнынады кусджыты дæсныйад бæрзонддæр кæныны институт.

Цæгат Ирыстоны разамынды номæй мадзалы архайджытæн раарфæ кодта Хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей. Куыд бафиппайдта, афтæмæй паддзахад инвалидты царды уавæртæм ахæм æргом кæй здахы, уымæн ис стыр ахадындзинад.

Семинары нысан у – инвалидтæн царды уавæртæ аразыны фарстатæм алывæрсыгæй æркæсын, æмæ уыдоны фæдыл хæрзхъæд паддзахадон программæтæ скæнын, цæмæй, змæлын зын кæмæн у, уыцы адæм æхсæнады сæхи хуыздæр æнкъарой, сæ бон уа æнæкъуылымпыйæ кусын, ахуыр кæнын æмæ алыхуызон мадзæлтты архайын.

Ацы ахсджиаг куысты бындурæвæрæгыл нымад у медицинон наукæты кандидат, медицинон-техникон наукæты Академийы уæнг Александр Лысенко. Йæ лекци райдайыны агъоммæ зæрдиаг арфæ ракодта нæ республикæйы фæллойы æмæ социалон рæзты министр Тугъанаты Ларисæйæн, инвалидты фарстатыл æнувыдæй кæй архайы, уый фæдыл.

Семинар цæудзæн 5 боны. Йæ архайджытæ байхъусдзысты лекцитæм, стæй сын арæзт æрцæудзысты практикон мадзæлттæ дæр, цæмæй алкæмæ дæр уа нырыккон цæстæнгас инвалидты царды уавæртæ хуыздæр кæнынмæ.

Елхъанаты Эльмæ, Рахизфарсы районы адæмæн социалон лæггæдтæ кæныны центры разамонæг: «Куыд æй зонут, афтæмæй нæ республикæйы ацы фарстатæм ис зæрдиаг каст. Бирæ хæдзæрттæм конд ис пандустæ, фæлæ ма ноджыдæр бакусын хъæуы, цæмæй æфхæрд адæмæн сæ бон æнæкъуылымпыйæ бацæуын уа алы бæстыхæйттæм. Тыхсгæ куыд нæ кæной, фæлæ æнцонæй куыд цæуой, афтæ».

Ирина Мкртумова, Мæскуыйы социалон хъахъхъæнынады кусджыты дæсныйад бæрзонддæр кæныны институты директоры хæдивæг: «Республикæ Цæгат Ирыстон – Алани, Дзæуджыхъæу семинар саразынæн хуымæтæджы нæ равзæрстам. Ам тынг хорз кусы фæллой æмæ социалон рæзты министрад, стæй алы мадзæл дæ рам ацæуы бæрзонд къæпхæныл. Цæгат Кавказы иннæ субъектты тыххæй дæр уый зæгъæн ис, фæлæ ма сæмбырд стæм ам, цæмæй нæм инвалидтæн æнцонвадат царды уавæртæ аразыны уа иухуызон цæстæнгас».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania