15 азмæ дзы архайдта 2000 адæймагæй фылдæр. Ацы хатт дзы архайы 112 æрыгон иртасæджы Цæгат Ирыстоны 33 ахуыргæнæндонæй. Кусдзысты 10 секцийы.
15 азмæ дзы архайдта 2000 адæймагæй фылдæр. Ацы хатт дзы архайы 112 æрыгон иртасæджы Цæгат Ирыстоны 33 ахуыргæнæндонæй. Кусдзысты 10 секцийы.
Конкурсы æмæ олимпиадæйы чи фæуæлахиз уа, уый суыдзæн Уæрæсейы президенты преми райсыны кандидат. Бар сын уыдзæн æппæтуæрæсеон æмæ дунеон конкурсты архайынæн.
Аргъ сын кæндзысты жюрийы уæнгтæ, се хсæн республикæйы уæлдæр скъолаты фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ.
Конкурсы фылдæр æргом аздахдзысты инженерон æмæ инновацион проекттæм.
Уæлахиздзаутæ сбæрæг уыдзысты 29-æм ноябры. Конкурсы фæлгæты ма хистæркласонты `хсæн сараздзысты олимпиадæ. Сæ зонындзинæдтæ æмæ дзы сæ арæхстдзинад æвдисæнц 30 скъоладзауы. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ конкурс «Ирыстоны фидæнмæ къахдзæф» хаст у Национ проект «Ахуырад 2013»-мæ.
